Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Азфыстытӕ 7:12 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

12 Ӕхсӕвы Дунедарӕг раргом ис Соломонмӕ ӕмӕ йын загъта: «Ӕз дын дӕ куывд фехъуыстон. Ӕз ацы бынат равзӕрстон, цӕмӕй ам нывӕндтӕ хӕссой.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Азфыстытӕ 7:12
17 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Аврамыл нудӕс ӕмӕ цыппарыссӕдз азы куы цыдис, уӕд ӕм Дунедарӕг ӕргом рацыд ӕмӕ йын загъта: «Ӕз Ӕппӕтхъомыс Хуыцау дӕн. Кӕс Мӕ коммӕ ӕмӕ у ӕнаипп!


уӕд ӕм Дунедарӕг дыккаг хатт ӕргом рацыд, кӕддӕр ӕм Гивоны куыд раргом ис, афтӕ


Илийа йын загъта: «Ды ам лӕуу! Дунедарӕг мӕн Иорданмӕ ӕрвиты». Фӕлӕ та йын Елисей расомы кодта: «Сомы кӕнын Дунедарӕгӕй ӕмӕ дӕуӕй, ӕз дӕ нӕ ныууадздзынӕн!» Ӕмӕ иумӕ ацыдысты.


Ашерӕйы цӕджындз Дунедарӕджы Кувӕндоны сӕвӕрдта, Дунедарӕг Давид ӕмӕ Соломонӕн афтӕ кӕмӕй загъта: «Мӕхицӕн Израилы ӕппӕт хӕдзарвӕндӕгтӕй цы сахар равзӕрстон, уыцы Кувӕндоны, Йерусалимы, Мӕ ном цӕрдзӕни мыггагмӕ.


Уыцы ӕхсӕв Хуыцау Соломонмӕ раргом ис ӕмӕ йын загъта: «Дӕ зӕрдӕ цыдӕриддӕр зӕгъы, уый Мӕ ракур».


Ӕз ацы Кувӕндон Мӕхицӕн равзӕрстон ӕмӕ йӕ срухс кодтон. Мыггагмӕ дзы цӕрдзӕни Мӕ ном, Мӕ цӕстытӕ ӕмӕ Мӕ зӕрдӕ ӕдзухдӕр уыдзысты уым.


Ӕмӕ уӕд Дунедарӕгӕн, рагзаманты куыд уыдис, афтӕ Иудей ӕмӕ Йерусалимы нывӕндтӕ ногӕй суыдзысты ӕхцон.


Фӕлӕ йын зӕд загъта: «Ма тӕрс, Захариа, уымӕн ӕмӕ дӕ куывд фехъуысти Хуыцаумӕ. Дӕ ус Елисаветӕ дын ныййардзӕн фырт, ӕмӕ йӕ схондзынӕ Иоанн.


ӕмӕ мын загъта: „Корнелий, дӕ куывд дын фехъуыстӕуыд, дӕ хорз хъуыддӕгтӕ нӕ ферох сты Хуыцауӕй.


уӕд-иу, Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, Йӕхӕдӕг кӕй равзара ӕмӕ Йӕ номы аккаг кӕй скӕна, уыцы бынатмӕ сӕмбӕлын кӕнут, цы уын фӕдзӕхсын, уыдон иууылдӕр: уӕ иууылсудзинаг нывӕндтӕ ӕмӕ уӕ иннӕ кусӕрттӕгтӕ, уӕ исбонӕй алцӕмӕн дӕр йӕ дӕсӕймаг хай ӕмӕ уӕ къухвӕллойы ӕппӕт хуынтӕ, Дунедарӕгӕн ӕй ратдзынӕн, зӕгъгӕ, цӕмӕйдӕриддӕр загътат, уыдон.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ