2 Азфыстытӕ 6:41 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст41 О Дунедарӕг Хуыцау, уӕдӕ ӕрцу Дӕ цӕрӕнмӕ — Ды ӕмӕ Дӕ хъомысджын Фидыды Чырын! Дӕ сауджынтӕ, о Дунедарӕг Хуыцау, ирвӕзындзинадӕй сӕхи дарӕсау сфӕлындӕд, Дӕ иузӕрдион адӕм цин кӕнӕнт Дӕ хорзӕхтыл! အခန်းကိုကြည့်ပါ။ |
Ӕмӕ уыдон бацахстой фидаргонд сахартӕ ӕмӕ сойджын зӕххытӕ, сӕхи бакодтой алыхуызон мулкӕй йемыдзаг хӕдзӕрттӕ ӕмӕ айнӕджы риуы къахт донмарӕнтӕ, сӕхи бакодтой сӕндӕттӕ, оливӕ бӕлӕсты къохтӕ ӕмӕ ӕнӕнымӕц дыргъдӕттӕ. Хордтой, сӕхи ӕфсӕстой, хуыз сӕ бацыди, ӕмӕ цардӕй къӕртт ӕппӕрстой Де стыр хорзӕхы фӕрцы.
Сионы сахары хъынцъымгӕнджытӕн сӕ зӕрдӕ барухс кӕнынмӕ. Нырӕй фӕстӕмӕ-иу фӕнычы бӕсты сӕ сӕртыл кады худтӕ ’ркӕндзысты, цӕссыджы бӕсты-иу цины сойӕ байсӕрддзысты сӕхи, сӕхъисы бӕсты-иу кады пӕлӕз скӕндзысты. Адӕмтӕ фендзысты, сӕ хъомыс Хуыцауӕй кӕй у, уый ӕмӕ сӕ бардзысты, Дунедарӕг Едемы дыргъдоны кӕй ныссагъта, уыцы бӕлӕстимӕ. Ӕмӕ Дунедарӕгӕн Йӕ кады ном айхъуысдзӕни дунейыл.