40 О мӕ Хуыцау! Ацы бынаты Дӕм чидӕриддӕр скува, уыдонмӕ-иу ӕркӕс ӕмӕ-иу сӕ фехъус!
Дӕ лӕггадгӕнӕг ӕмӕ Дӕ адӕм Израил Дӕм куы кувой, уӕд-иу сӕ кӕддӕриддӕр фехъус, цӕстуарзонӕй-иу сӕм ракӕс!
ӕмӕ йын загъта: «Фехъуыстон дын дӕ куывд ӕмӕ дӕ лӕгъстӕ, цыдӕриддӕр Мӕ куырдтай, уый ӕмӕ, цы Кувӕндон сарӕзтай, уый срухс кодтон. Мыггагмӕ дзы цӕрдзӕни Мӕ ном, Мӕ цӕстытӕ ӕмӕ Мӕ зӕрдӕ ӕдзух уыдзысты уырдӕм арӕзт.
О Дунедарӕг, Дӕ хъус нӕм ӕрдар ӕмӕ нӕ фехъус! Байгом кӕн Дӕ цӕстытӕ, ӕркӕс нӕм! Цардӕгас Хуыцауы фауынмӕ йӕ минӕвӕртты чи ӕрбарвыста, уыцы Санхерибы ныхӕстӕ фехъус.
Дунедарӕджы цӕстытӕ ӕгас зӕххыл дӕр ӕххӕссынц, иузӕрдион Ыл чи у, уыдонӕн ӕххуыс кӕны. Фӕлӕ ды ацы хатт тынг ӕнӕрхъуыды ми бакодтай, ӕмӕ нырӕй фӕстӕмӕ дӕ зӕххыл ӕдзухдӕр уыдзӕни хӕст».
Ӕхсӕвӕй-бонӕй Дӕ цӕст ма ис ацы Кувӕндонӕй, ацы бынатӕй, Мӕ ном дзы цӕрдзӕни, зӕгъгӕ, кӕмӕй загътай, уымӕй! Дӕ цагъар-иу, ацы бынатмӕ йе ’ргом саразгӕйӕ, куы кува, уӕд-иу ӕй фехъус.
уӕд-иу сын уӕларвӕй, Дӕ цӕрӕнбынатӕй, фехъус сӕ куывд, сӕ лӕгъстӕ ӕмӕ-иу сын ахъаз бакӕн! Ныббар-иу Дӕ адӕмӕн, Дӕ разы тӕригъӕды чи бацыди, уыдонӕн!
Ацы бынатӕй Мӕм чидӕриддӕр скува, уымӕ Ӕз ӕркӕсдзынӕн, йӕ куывдмӕ йын байхъусдзынӕн лӕмбынӕг.
Дӕумӕ кувын, Дунедарӕг! Фехъуысӕд Дӕм Дӕ цагъары куывд ӕмӕ, Дӕ номӕн Дын кад чи кӕны, Дӕ уыцы цагъарты куывд! Дӕ рӕстаудӕнӕй мӕ фӕхайджын кӕн, ацы адӕймаджы хорзӕх мын ратт. (Уыцы заман ӕз дзагдар уыдтӕн паддзахӕн.)
Байхъус мӕм лӕмбынӕг, Дӕ цӕстытӕй мӕм ӕркӕс ӕмӕ мын айс мӕ куывд! Бон дӕр ӕмӕ ӕхсӕв дӕр Дӕумӕ у ме скаст, ӕмӕ саккаг кӕн: батӕригъӕд кӕн израилӕгтӕн, ныххатыр нын кӕн, ӕз дӕр ӕмӕ мӕ фыды хӕдзар дӕр Дӕ разы цы тӕригъӕдты бацыдыстӕм, уыдон!
Уымӕн Йӕ хорзӕх у ӕгӕрон, Дунедарӕгӕн Йе ’цӕгад — мыггагмӕ. Алелуйа!
Се ’ппӕт дӕр адзӕгъӕл сты, се ’ппӕт дӕр фехӕлдысты, хорздзинад ничи кӕны, иунӕг адӕймаг дӕр.
Мады риуӕй иртӕст сабийау мӕ удӕн ныфсытӕ ӕвӕрдтон, сабыр ӕй кодтон, цыма мӕ уд мады риуӕй иртӕст саби уыди, уыйау.
Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. Дунедарӕджы цагъар Давиды зарӕг Дунедарӕгыл. Скодта йӕ, Дунедарӕг ӕй йе ’ппӕт фыдгултӕ ӕмӕ Саулӕй куы фервӕзын кодта, уӕд.
Тӕхудиаг у, Дунедарӕг йӕ тӕригъӕдтӕ кӕмӕн нӕ банымайдзӕн, йӕ зӕрдӕйы мӕнгарддзинад кӕмӕн нӕй!
Уыдон та мыл ныр мӕ зыны сахат ӕрбамбырд сты ӕмӕ фыр цинӕй райынц, ӕз кӕй фӕкалдтӕн, ууыл. Нӕ йӕ ’мбарын, цы мыл ӕмбырдтӕ кӕнынц ацы фидисгӕнджытӕ, иудадзыг мӕ тухӕнӕй цы марынц!
Науӕд мӕ акъабӕзтӕ кӕндзысты домбайау, ӕмӕ мын ӕххуысгӕнӕг нӕ уыдзӕни.
Зарахы байзӕддаг Етаны зондамонӕн псалом.
О Дунедарӕг, ӕркӕс нӕм! Ӕркӕс нӕм ӕмӕ фехъус, Санхериб Дӕуӕн, цардӕгас Хуыцауӕн, цы фидистӕ кӕны, уый.