Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Азфыстытӕ 6:36 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

36 Дӕ адӕм Дӕ разы тӕригъӕды куы бацӕуой, уымӕн ӕмӕ, тӕригъӕд чи нӕ ракӕны, ахӕм адӕймаг нӕй, ӕмӕ сӕм Ды куы смӕсты уай, фыдгулты амӕттаг сӕ куы бакӕнай ӕмӕ сӕ уыдон уацары куы акӕной дард кӕнӕ ӕввахс бӕстӕмӕ,

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Азфыстытӕ 6:36
22 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Гӕнӕн ис, ӕмӕ Дӕ адӕм Дӕ разы фӕтӕригъӕдджын уой, уымӕн ӕмӕ ӕнӕтӕригъӕд ничи у. Ды сӕм смӕсты уыдзынӕ, фыдгулты амӕттаг сӕ бакӕндзынӕ, ӕмӕ сӕ уыдон уацары акӕндзысты дард кӕнӕ ӕввахс бӕстӕмӕ.


Дӕ разы цӕмӕйдӕриддӕр фӕтӕригъӕдджын ӕмӕ фӕазымджын сты, уый сын ныббар, уацары сӕ чи акодта, уыдоны зӕрдӕ сӕм фӕфӕлмӕн кӕн, цӕмӕй сын фӕтӕригъӕд кӕной.


Менахемы иннӕ хъуыддӕгтӕ иууылдӕр фыст ӕрцыдысты «Израилаг паддзӕхты азфыстыты чиныджы».


Дунедарӕгӕн Йӕ маст ссыгъд Израилы адӕммӕ ӕмӕ сыл хъоды бакодта. Сӕ зӕххыл ма цӕргӕйӕ ныууагъта ӕрмӕст Иудӕйы хӕдзарвӕндаджы.


Ӕппӕт уыдӕтты тыххӕй сӕ Дунедарӕг фӕсырдта Йӕ цурӕй, Йӕ лӕггадгӕнӕг пехуымпарты уылты рагацау куыд дзырдта, афтӕ. Израилы адӕм сӕ зӕххӕй хаст ӕрцыдысты Ассиримӕ, ӕмӕ ныронг дӕр ма уым сты.


Осиайы паддзахиуӕджы фарӕстӕм аз, бацахста. Израилы адӕмы атардта Ассиримӕ ӕмӕ сӕ уым ӕрцӕрын кодта Халахы зӕххыл, Гозаны зӕххыл Хаворы доны былгӕрӕтты, стӕй Мидийы сахарты.


уӕд-иу сын уӕларвӕй фехъус сӕ куывд, сӕ лӕгъстӕ ӕмӕ-иу сын ахъаз бакӕн!


ӕмӕ, уацары цы зӕххыл уой, уым зӕрдиагӕй куы ’рфӕсмон кӕной, се ’ргом Дӕм куы раздахой ӕмӕ Дын лӕгъстӕ куы кӕной, тӕригъӕды бацыдыстӕм, фыдракӕнд сарӕзтам ӕмӕ азымджын стӕм, зӕгъгӕ,


Дунедарӕгыл йӕ зӕрдӕ дарӕд Израил нырӕй фӕстӕмӕ ӕмӕ мыггагмӕ!


Уый у мӕ уарзӕгой Хуыцау, мӕ фидар, ме ’мбӕхсӕн, мӕ ирвӕзынгӕнӕг, мӕ уарт, ӕз мӕ зӕрдӕ Ууыл дарын; мӕ адӕмы мын бакодта мӕ дӕлбар.


Кӕй бон у зӕгъын: «Мӕ зӕрдӕ сыгъдӕг у, мӕ тӕригъӕдтӕй ссыгъдӕг дӕн?»


Ӕрмӕстдӕр хорздзинӕдтӕ чи кӕны, тӕригъӕд ӕппындӕр чи никуы ракодта, ахӕм рӕстуд нӕй зӕххыл.


Кардылӕфтыд фӕуыдзысты ӕмӕ фӕцагъды уыдзысты, алы бӕстӕтӕм сӕ уацары фӕкӕндзысты. Муртаттӕгтӕ Йерусалимы сахар сӕ къӕхты бын ссӕнддзысты, цалынмӕ сӕ рӕстӕг фӕуа, уӕдмӕ.


Уӕхи дӕр ӕмӕ, уӕхицӕн паддзахӕй кӕй сӕвӕрат, уый дӕр Дунедарӕг акӕндзӕни, сымах дӕр кӕй нӕ зонут ӕмӕ уӕ фыдӕлтӕ дӕр кӕй нӕ зыдтой, ахӕм адӕмы ’хсӕнмӕ, ӕмӕ уыцы ран ӕндӕр хуыцӕуттӕн — бӕлӕстӕ ӕмӕ дуртӕн — лӕггад кӕндзыстут.


Уымӕн ӕмӕ мах не ’ппӕт дӕр арӕх тӕригъӕды бацӕуӕм. Дзыхы ныхасӕй тӕригъӕды чи нӕ цӕуы, уый у алцӕмӕй дӕр ӕххӕст адӕймаг ӕмӕ йӕ бон у йе ’ппӕт буары рохтыл хӕцын дӕр.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ