31 Уадз ӕмӕ Дӕ тӕрсой ӕмӕ цӕрӕнбонты Дӕ фӕндӕгтыл цӕуой, цалынмӕ, кӕддӕр нӕ фыдӕлтӕн цы зӕхх радтай, ууыл цӕрой, уӕдмӕ.
уӕд-иу ӕй фехъус уӕларвӕй, Дӕ цӕрӕнбынатӕй, ӕмӕ-иу ын ныббар, алкӕмӕн дӕр-иу йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ стӕрхон кӕн, йӕ зӕрдӕйы кӕмӕн цы ис, уымӕ гӕсгӕ, уымӕн ӕмӕ, адӕймагӕн йӕ зӕрдӕйы цы ис, уый ӕрмӕстдӕр Ды зоныс.
Дӕ адӕмӕй, Израилӕй, чи нӕу, ахӕм исчи, ӕддагон, дард бӕстӕй Дӕ цытджын ном ӕмӕ Де стыр хъомысы сӕраппонд куы ’рбацӕуа ӕмӕ, ацы Кувӕндонмӕ йе ’ргом саразгӕйӕ, куы скува,
Ӕмӕ загъта адӕймагӕн: „Хуыцауы тас — уый мидӕг ис уӕлзонд, фыддзинадӕй хи хизын — зонды ӕвдисӕн уый у“».
Уӕлвонг Кувӕндонмӕ цӕуджыты зарӕг. Ме ’взонджы бонтӕй мӕ бирӕтӕ ссӕстой, — зӕгъӕд Израил, —
Моисей адӕмӕн загъта: «Ма тӕрсут. Хуыцау ӕрцыди уӕ бафӕлварынмӕ, цӕмӕй уӕ Хуыцауы тас уа ӕмӕ тӕригъӕды ма цӕуат».
Ӕппӕт Иудейы, Галилейы ӕмӕ Самарийы аргъуантӕ хъыгдард нал ӕййӕфтой, фидар кодтой, Хуыцауы тас сӕм уыди, Сыгъдӕг Уды ӕххуысӕй ӕфтыди уырнджыты нымӕцыл.
Ӕрмӕст тӕрсут Дунедарӕгӕй, рӕстӕй, зӕрдиагӕй Йын кувут. Уӕ зӕрдыл дарут, цы стыр хӕрзты уын бацыд, уый.