Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Азфыстытӕ 6:30 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

30 уӕд-иу ӕй фехъус уӕларвӕй, Дӕ цӕрӕнбынатӕй, ӕмӕ-иу ын ныббар, алкӕмӕн дӕр-иу йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ стӕрхон кӕн, йӕ зӕрдӕйы кӕмӕн цы ис, уымӕ гӕсгӕ, уымӕн ӕмӕ, адӕймагӕн йӕ зӕрдӕйы цы ис, уый ӕрмӕстдӕр Ды зоныс.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Азфыстытӕ 6:30
18 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

фехъус-иу ӕй уӕларвӕй, Дӕ цӕрӕнбынатӕй, ӕмӕ-иу ныббар Дӕ адӕмы азым! Алкӕмӕн дӕр-иу йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ стӕрхон кӕн, уымӕн ӕмӕ Ды зоныс, йӕ зӕрдӕйы кӕмӕн цы ис, уый, ӕрмӕстдӕр Ды зоныс адӕмы зӕрдӕтӕ.


Ды дӕр, мӕ хъӕбул Соломон, зон дӕ фыды Хуыцауы ӕмӕ Йын кус зӕрдиагӕй, удуӕлдайӕ, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг уыны алкӕй мидзӕрдӕ, зоны алы фӕнд. Куы Йӕ агурай, уӕд дын раргом кӕндзӕн Йӕхи, намӕ Йыл куы сыстырзӕрдӕ уай, уӕд та дыл бахъоды кӕндзӕни мыггагмӕ.


Зонын, мӕ Хуыцау, Ды уыныс адӕмы зӕрдӕтӕ ӕмӕ уарзыс сыгъдӕгзӕрдӕты. Ӕз Дын мӕ сыгъдӕг зӕрдӕйӕ рауӕлдай кодтон ӕппӕт адон. Зӕрдӕрайгӕйӕ федтон, ам Дын цы адӕм ис, уыдон Дын сӕ мысайнӕгтӕ зӕрдиагӕй куыд дӕттынц, уый дӕр.


Мӕ фырт Соломоны иузӕрдион скӕн Дӕхицӕн, Де ’ппӕт фӕдзӕхстытӕ, уынаффӕтӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ Дын куыд ӕххӕст кӕна ӕмӕ, ӕрмӕг цы галуанӕн бацӕттӕ кодтон, уый куыд сараза».


Израилы адӕмӕй Дӕм исчи цӕйфӕнды тыххӕй куы кува ӕмӕ Дын лӕгъстӕ куы кӕна, зӕрдӕхъыгӕй ӕмӕ удхарӕй мӕлгӕйӕ, ацы Кувӕндонмӕ йӕ къухтӕ куы иваза,


Уадз ӕмӕ Дӕ тӕрсой ӕмӕ цӕрӕнбонты Дӕ фӕндӕгтыл цӕуой, цалынмӕ, кӕддӕр нӕ фыдӕлтӕн цы зӕхх радтай, ууыл цӕрой, уӕдмӕ.


Паддзах та цин кӕндзӕни Хуыцауыл. Хуыцауӕй сомыгӕнджытӕ райдзысты, фӕливджытӕ та багомыг уыдзысты.


Фыдгӕнджыты хӕрам бамынӕг уӕд! Рӕстудӕн та фӕфидар кӕн йӕ зӕрдӕ, рӕстаг Хуыцау, — Ды фӕндтӕ ӕмӕ зӕрдӕтӕ фӕлварыс.


Мӕрдтыбӕстӕ ӕмӕ Аваддон Дунедарӕджы раз гом сты, уӕлдайдӕр та — адӕмы зӕрдӕтӕ.


Ӕз, Дунедарӕг, адӕймаджы зӕрдӕ уынын, йӕ уд ын фӕлварын, цӕмӕй алкӕмӕн дӕр йӕ митӕм ӕмӕ йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ бафидон».


Уымӕ гӕсгӕ, Израилы адӕм, Ӕз сымахӕй алкӕмӕн дӕр тӕрхон кӕндзынӕн, цы фӕндагыл лӕууы, уымӕ гӕсгӕ, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау. — Ӕрфӕсмон кӕнут ӕмӕ ныууадзут уӕ раздӕры ӕппӕт тӕригъӕдтӕ, цӕмӕй уыдоны тыххӕй ма фесӕфат.


Уымӕн ӕмӕ Адӕймаджы Фырт ӕрцӕудзӕни Йӕ Фыды кадимӕ, Йӕ зӕдтимӕ, ӕмӕ алкӕмӕн дӕр йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ ратдзӕни.


ӕмӕ Йын адӕймаджы тыххӕй исчи исты загътаид, уый сӕр Ӕй нӕ хъуыд — йӕ зӕрдӕйы кӕмӕн цы ис, уый Йӕхӕдӕг хорз зыдта.


Уымӕн сусӕг ницы ис дунесфӕлдысты. Мадард бӕгънӕгау гом у алцы Йӕ цӕсты раз, дзуапп Кӕмӕн дӕтдзыстӕм, Уымӕн.


Йӕ сывӕллӕтты дӕр ын амардзынӕн; уӕд ӕппӕт аргъуантӕ дӕр базондзысты, Ӕз адӕймагӕн йӕ зӕрдӕ ӕмӕ йӕ хъуыдытӕ кӕй уынын, уый, ӕмӕ уӕ алкӕмӕн дӕр кӕй йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ бафиддзынӕн.


Фӕлӕ Дунедарӕг Самуелӕн загъта: «Йӕ уынд ӕмӕ йын йӕ асмӕ ма кӕс, ауыл атигъ кодтон Мӕхи. Уымӕн ӕмӕ Хуыцау адӕймаджы цӕстӕй нӕ кӕсы. Адӕймаг йӕ цӕстӕй цы уыны, уымӕ кӕсы, Дунедарӕг та — зӕрдӕмӕ».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ