Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Азфыстытӕ 6:27 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

27 уӕд-иу Ды уӕларвӕй уыцы куывд фехъус ӕмӕ-иу Дӕ лӕггадгӕнджытӕн, Дӕ адӕм Израилӕн, сӕ тӕригъӕд ныббар. Раст фӕндагыл-иу сӕ сараз ӕмӕ-иу, Дӕ адӕмӕн исбонӕн кӕй радтай, уыцы зӕххыл къӕвдайы ’ртах ӕруадз.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Азфыстытӕ 6:27
24 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

ӕмӕ Мӕ адӕм, Мӕ ном чи хӕссы, уыдон, сӕрныллӕгӕй куы кувой, куы Мӕ агурой ӕмӕ сӕ фыдвӕндӕгтӕ куы ныууадзой, уӕд сӕ Ӕз фехъусдзынӕн уӕларвӕй, сӕ тӕригъӕд сын ныббардзынӕн ӕмӕ сын сӕ зӕхх сӕнӕниз кӕндзынӕн.


Раст фӕндагыл слӕууыдысты мӕ къӕхтӕ, ӕмбырдты Дунедарӕджы стаудзынӕн!


О Дунедарӕг! Ӕз бауарзтон Дӕ хӕдзар, Дӕ кады цӕрӕн!


Ме ’фсымӕртӕн сдӕн искӕйон, мӕ мады зӕнӕгӕн — ӕцӕгӕлон.


Уӕ фӕндагыл галиуӕрдӕм кӕнӕ рахизӕрдӕм куы здӕхат, уӕд уӕ фӕсчъылдымӕй фехъусдзыстут: «Мӕнӕ ацы фӕндагыл ацӕут!»


Ау, адӕмты гуымирытӕн сӕ бон къӕвда раттын у? Ау, арв нын йӕхӕдӕг ратдзӕн къӕвда? Нӕ Дунедарӕг ӕмӕ нӕ Хуыцау Ды нӕ дӕ? Дӕуыл дарӕм нӕ зӕрдӕ, уымӕн ӕмӕ ӕппӕт уыдӕттӕ Ды аразыс.


Уадз ӕмӕ нын Дунедарӕг бацамона, цавӕр фӕндаг равзарӕм ӕмӕ нын цы гӕнгӕ у, уый».


Сӕхинымӕр афтӕ нӕ загътой: „Фӕтӕрсӕм Дунедарӕгӕй, нӕ Хуыцауӕй. Фӕззӕджы ӕмӕ нын уалдзӕджы афойнадыл къӕвдатӕ Уый ратты, хуымгӕрдӕнты къуыритӕ нын Уый сбӕлвырд кодта“.


Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Фӕндаг кӕм акъабуз ис, уыцы ран ӕрлӕуут ӕмӕ акӕсут уӕ алыварс. Рагон фӕндӕгты тыххӕй, раст фӕндаг кӕм ис, уымӕй ӕрфӕрсут ӕмӕ уыцы фӕндагыл цӕут, уӕд ӕнцой ссардзысты уӕ удтӕ. Фӕлӕ уыдон дзуапп лӕвӕрдтой: „Нӕ цӕудзыстӕм“.


Раарфӕ кӕндзынӕн уыдонӕн дӕр ӕмӕ Мӕ уаз бӕрзӕнды алфамбылӕйттӕн дӕр, афоныл сын дӕтдзынӕн къӕвдатӕ — уыдон уыдзысты фарны къӕвдатӕ.


Фӕлӕ Дунедарӕг ныр дӕр ма зӕгъы: «Раздӕхут Мӕм зӕрдиагӕй, ком дарут, кӕут ӕмӕ дзыназут, уӕ уӕлӕ сӕхъис скӕнут.


Уӕ дарӕс нӕ, фӕлӕ уӕ зӕрдӕтӕ арӕдувут фӕйнӕрдӕм!» Раздӕхут уӕ Дунедарӕг Хуыцаумӕ, уымӕн ӕмӕ Уый барон ӕмӕ тӕригъӕдгӕнаг, бирӕбыхсаг ӕмӕ хӕларзӕрдӕ у, фыдбылыз ӕруадзыны фӕнд аивдзӕнис ӕхсызгонӕй.


Сионы фырттӕ, сымах дӕр цин кӕнут уӕ Дунедарӕг Хуыцауыл, уымӕн ӕмӕ уын Уый, цас ӕмбӕлы, уый бӕрц ратдзӕн къӕвдатӕ. Уалдзыгон ӕмӕ фӕззыгон къӕвдатӕ раздӕрау ӕруарын кӕндзӕн сымахӕн.


Бирӕ адӕмтӕ ӕрбацӕудзысты ӕмӕ дзурдзысты: «Цомут ӕмӕ ссӕуӕм Дунедарӕджы хохмӕ, Йаковы Хуыцауы хӕдзармӕ, Йӕ фӕндӕгтыл нӕ сахуыр кӕндзӕн, ӕмӕ Йӕ цӕуӕнтыл цӕудзыстӕм». Уымӕн ӕмӕ Ӕгъдау рацӕудзӕни Сионӕй, Дунедарӕджы ныхас — Йерусалимӕй.


Лӕгъстӕ кӕнут Дунедарӕгӕн, цӕмӕй уын афоныл къӕвда ратта. Дунедарӕг сфӕлдисы тӕрккъӕвдатӕ, ратты уын сахкъӕвдатӕ, алкӕмӕн йӕ хоры ӕвзартӕ ссӕуын кӕны.


Пехуымпартӕм фыст ис: „Ӕмӕ Хуыцау се ’ппӕты дӕр сахуыр кӕндзӕн“. Фыдмӕ чи хъусы ӕмӕ Фыд кӕй сахуыр кӕны, уый ӕрбацӕуы Мӕнмӕ.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ