Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Азфыстытӕ 6:26 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

26 Дӕ разы тӕригъӕды куы бацӕуой ӕмӕ сын уый тыххӕй арв доны ’ртах куынӕуал ратта, ӕмӕ Дын уый фӕстӕ Дӕ къухы цӕф куы бамбарой, сӕ тӕригъӕдыл куы ’рфӕсмон кӕной ӕмӕ, ацы Кувӕндонмӕ се ’ргом саразгӕйӕ, Дӕ номӕн куы скад кӕной ӕмӕ Дӕм куы кувой,

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Азфыстытӕ 6:26
20 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

уӕд-иу сӕ уӕларвӕй фехъус, ныббар-иу Дӕ адӕм Израилы тӕригъӕд ӕмӕ-иу сӕ фӕстӕмӕ раздах, кӕддӕр сын сӕ фыдӕлтӕн кӕй радтай, уыцы зӕхмӕ!


Арвы дуӕрттӕ куы сӕхгӕнон ӕмӕ зӕхмӕ доны ’ртах куынӕуал ӕруадзон, тыллӕг мӕтыхтӕн куы бахӕрын кӕнон, кӕнӕ Мӕ адӕмы рыны амӕттаг куы бакӕнон,


Йӕ тӕригъӕдтӕ чи ’мбӕхсы, уый ӕнтыстджын нӕ уыдзӕн; чи сыл басӕтты ӕмӕ сӕ чи ныууадзы, уый та уыдзӕнис хатыргонд.


Ныззаууат уыдзӕни, налдӕр ӕй ӕхсӕдгӕ кӕндзысты, налдӕр ын йӕ зӕхмӕ зилдзысты. Каконтӕ ӕмӕ сындзыты бынӕй зынгӕ дӕр нал кӕндзӕни. Ӕз бардзырд ратдзынӕн мигътӕн, къӕвда йыл мауал ӕруадзут, зӕгъгӕ».


«Адӕймаджы фырт! Искӕцы зӕхх Мӕ разы куы фӕтӕригъӕдджын уа, йӕ зӕрдӕ Мыл куы сива ӕмӕ йӕм Ӕз Мӕ къух куы сисон, йӕ хойраг ын куы скуынӕг кӕнон ӕмӕ йыл стонг заман куы бафтауон, йӕ адӕмы дӕр ӕмӕ йын йӕ фос дӕр сафын куы байдайон,


Фӕстӕмӕ раздӕхдзынӕн Мӕ бынатмӕ, цалынмӕ сӕ азым ӕрӕмбарой ӕмӕ Мӕ ӕрцагурой, уӕдмӕ.


Ӕз уын басӕтдзынӕн уӕ сӕрыстырдзинад, уӕ сӕрмӕ уын арв ӕфсӕны хуызӕн скӕндзынӕн, уӕ къӕхты бын зӕхх та — ӕрхуыйы ’нгӕс.


Ӕцӕг уын зӕгъын, ӕцӕг: Илийайы заманы бирӕ идӕдз сылгоймӕгтӕ уыдис Израилы. Уӕд арвӕй ӕртӕ азы ӕмӕ ӕхсӕз мӕйы дӕргъы къӕвдайы ӕртах не ’рхауд, ӕмӕ ӕппӕт бӕстӕйы дӕр стонг рӕстӕг скодта.


Науӕд уӕм Дунедарӕджы маст ссудздзӕн, ӕмӕ уӕлӕрвтӕ гуыдырӕвӕрд скӕндзӕни, къӕвдайы ӕртах нал ӕруадздзӕни. Зӕхх тыллӕг нал ратдзӕн, ӕмӕ тагъд рӕстӕджы цагъды фӕуыдзыстут, Дунедарӕг уын кӕй дӕтты, уыцы алӕмӕты бӕстӕйы.


Уӕ сӕрмӕ арв фестдзӕн ӕрхуы, уӕ къӕхты бын зӕхх — ӕфсӕн.


Уыдонӕн ис лӕвӕрд арвы дуӕрттӕ сӕхгӕныны бар, цӕмӕй сӕ пехуымпариуӕджы рӕстӕг къӕвда ма уа. Куы сӕ бафӕнда, уӕд сӕм ис дӕттӕ туг фестын кӕныны ӕмӕ зӕххыл алы рын бафтауыны тых.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ