25 уӕд-иу сӕ уӕларвӕй фехъус, ныббар-иу Дӕ адӕм Израилы тӕригъӕд ӕмӕ-иу сӕ фӕстӕмӕ раздах, кӕддӕр сын сӕ фыдӕлтӕн кӕй радтай, уыцы зӕхмӕ!
Цы зӕххытӕ уыныс, уыдон Ӕз мыггагмӕ дӕуӕн ӕмӕ дӕ байзӕддӕгтӕн ратдзынӕн.
Дӕ адӕм Израил Дӕ разы тӕригъӕды куы бацӕуой ӕмӕ уый тыххӕй фыдгулы амӕттаг куы бауой, фӕлӕ уый фӕстӕ куы ’рфӕсмон кӕной, Дӕ номӕн куы скад кӕной, ацы Кувӕндоны Дӕм куы кувой ӕмӕ Дын лӕгъстӕ куы кӕной,
Дӕ разы тӕригъӕды куы бацӕуой ӕмӕ сын уый тыххӕй арв доны ’ртах куынӕуал ратта, ӕмӕ Дын уый фӕстӕ Дӕ къухы цӕф куы бамбарой, сӕ тӕригъӕдыл куы ’рфӕсмон кӕной ӕмӕ, ацы Кувӕндонмӕ се ’ргом саразгӕйӕ, Дӕ номӕн куы скад кӕной ӕмӕ Дӕм куы кувой,
Авраамӕн, Исаакӕн ӕмӕ Йаковӕн зӕрдӕ кӕмӕй бавӕрдтон, уыцы зӕхмӕ уӕ бакӕндзынӕн ӕмӕ уын ӕй ратдзынӕн фыдӕй-фыртмӕйы исбонӕн. Ӕз — Дунедарӕг!“»
Ӕмӕ афтӕмӕй Дунедарӕг Израилы адӕмӕн радта, сӕ фыдӕлтӕн сын ард кӕмӕй бахордта, уыцы зӕххытӕ иууылдӕр, ӕмӕ сӕ фыдӕй-фыртмӕйы исбонӕн райстой ӕмӕ дзы ӕрцардысты.