2 Ныр Дын Ӕз сарӕзтон бӕрзонд хӕдзар, цӕмӕй дзы цӕрай мыггагмӕ».
Мӕ номыл хӕдзар уый сараздзӕн, ӕмӕ йын Ӕз йӕ паддзахы бадӕн ӕмӕ йӕ паддзахад сфидар кӕндзынӕн ӕнустӕм.
Ныр Дын ӕз скодтон бӕрзонд ӕмӕ парахат Хӕдзар, цӕмӕй дзы цӕрай мыггагмӕ».
Уый Мын сараздзӕни Хӕдзар, Ӕз та йын мыггагмӕ йӕ паддзахы бадӕн сфидар кӕндзынӕн.
Давид ма ноджыдӕр загъта йӕ фырт Соломонӕн: «Фидар лӕуу ӕмӕ у ӕхсарджын! Араз Кувӕндон! Мацӕмӕй тӕрс, ма асӕттӕд дӕ ныфс, уымӕн ӕмӕ дыл ауды Дунедарӕг Хуыцау, мӕ Хуыцау. Уый дыл Йӕхи нӕ атигъ кӕндзӕн, нӕ дӕ ныууадздзӕн, ӕххуыс дын кӕндзӕни, цалынмӕ Дунедарӕджы хӕдзар арӕзт фӕуа, суанг уӕдмӕ.
Афтӕ мын загъта: „Дӕ фырт Соломон Мын сараздзӕн Мӕ Хӕдзар ӕмӕ Мӕ кӕртытӕ, уымӕн ӕмӕ йӕ Мӕхицӕн равзӕрстон фыртӕн — Ӕз уыдзынӕн йӕ Фыд.
Хуыцауы Фидыды Чырын йӕ заманы Давид Кирйат-Иаримӕй ӕрбахаста, Йерусалимы йын цы бынат скодта, уырдӕм.
Соломон загъта: «Дунедарӕджы тары цӕрын бафӕндыд.
Израилы адӕм се ’ппӕт дӕр лӕууыдысты йӕ разы, Паддзах сӕм разылд ӕмӕ сын арфӕ ракодта.
Йӕ цӕрӕнуат Йерусалимы кӕмӕн ис, Израилы уыцы Хуыцауӕн паддзах ӕмӕ йӕ уынаффӕгӕнджытӕ цы ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕрин мысайнӕгтӕ ӕрӕвӕрдтой,
уыдон, ӕгас Вавилоны цы ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕрин ӕрӕмбырд кӕнай ӕмӕ ӕппӕт израилаг дзыллӕ ӕмӕ сауджынтӕ сӕ Хуыцауы хӕдзарӕн Йерусалимы барвӕндӕй цы лӕвӕрттӕ ракӕной, уыдӕттимӕ иумӕ бынатыл сӕмбӕлын кӕнынмӕ.
сӕ зӕххытӕ сын радта исбонӕн — Йӕ хорзӕх мыггагмӕ у;
Адӕмы фӕтӕг семӕ хъуамӕ уа. Адӕм куы бацӕуой, уӕд-иу бацӕуӕд уый дӕр, куы рацӕуой, уӕд та-иу уый дӕр рацӕуӕд.
Паддзахы бадӕнӕй ӕз фехъуыстон тыхджын хъӕлӕс: «Мӕнӕ ис Хуыцауы Уаз Цӕрӕн, Уый цӕрдзӕнис адӕмимӕ! Уыдон уыдзысты Йӕ адӕм, Хуыцау Йӕхӕдӕг уыдзӕни семӕ ӕмӕ уыдзӕн сӕ Хуыцау.