19 О Дунедарӕг, мӕ Хуыцау! Фехъус Дӕ цагъарӕн йӕ куывд ӕмӕ йӕ лӕгъстӕ! Фехъус ын йӕ дзыназын, йӕ куывд!
О Дунедарӕг, мӕ Хуыцау! Абон ӕркӕс Дӕ цагъармӕ, Дӕ хъус ын ӕрдар йӕ куывдмӕ, фехъус ын йӕ лӕгъстӕ!
Фӕлӕ Хуыцау адӕмимӕ куыд хъуамӕ цӕра зӕххыл? Уӕларв ӕмӕ уӕлдунетӕ Дыл куы не ’ххӕссынц, уӕд Ды, ӕз Дын цы Кувӕндон сарӕзтон, уым куыд хъуамӕ бацӕуай?
Ӕхсӕвӕй-бонӕй Дӕ цӕст ма ис ацы Кувӕндонӕй, ацы бынатӕй, Мӕ ном дзы цӕрдзӕни, зӕгъгӕ, кӕмӕй загътай, уымӕй! Дӕ цагъар-иу, ацы бынатмӕ йе ’ргом саразгӕйӕ, куы кува, уӕд-иу ӕй фехъус.
Мады риуӕй иртӕст сабийау мӕ удӕн ныфсытӕ ӕвӕрдтон, сабыр ӕй кодтон, цыма мӕ уд мады риуӕй иртӕст саби уыди, уыйау.
Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн: хъисфӕндырты цагъдимӕ. Давиды псалом.
Ӕрмӕст уыдоны тыххӕй нӕ кувын, фӕлӕ ма, сӕ ныхасы фӕрцы Мӕныл чи баууӕнда, уыдоны тыххӕй дӕр.