15 Ацы бон Ды Де стыр хъомысы фӕрцы сӕххӕст кодтай, Дӕ лӕггадгӕнӕгӕн, мӕ фыд Давидӕн, зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдтай ӕмӕ йын Дӕхи дзыхӕй цы загътай, уый.
Дӕ царды бонтӕ куы фӕуой ӕмӕ дӕ фыдӕлты фарсмӕ куы ӕрӕнцайай, уӕд та паддзахӕй сӕвӕрдзынӕн дӕ байзӕддаджы, дӕ туг, де стӕджы, ӕмӕ йын йӕ паддзахад сфидар кӕндзынӕн.
Ацы бон Де стыр хъомысы фӕрцы сӕххӕст кодтай, Дӕ лӕггадгӕнӕгӕн, мӕ фыд Давидӕн, Дӕхи дзыхӕй цы дзырд радтай, уый.
Стӕй загъта: «Арфӕгонд у Дунедарӕг, Израилы Хуыцау! Абон Йе стыр хъомысы фӕрцы сӕххӕст кодта, кӕддӕр мӕ фыд Давидӕн зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый. Загъта йын:
Маноах уайтагъд фестад ӕмӕ йӕ усы фӕдыл атындзыдта. Лӕджы размӕ бацыдис ӕмӕ йӕ бафарста: «Мӕ бинойнагимӕ ныхас ды кодтай?» Уый йын дзуапп радта: «О, Ӕз».