Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Азфыстытӕ 5:7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

7 Уый фӕстӕ сауджынтӕ Фидыды Чырын бахастой, цы бынат ын снысан кодтой, уырдӕм — Кувӕндоны Рухсмонуатмӕ, ӕмӕ йӕ ӕрӕвӕрдтой херувимты базырты бын.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Азфыстытӕ 5:7
13 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Гъемӕ уӕдӕ уӕ зӕрдӕ ӕмӕ уӕ уды ӕппӕт хъаруйӕ агурут Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, саразут Ын Кувӕндон. Йӕ номыл цы хӕдзар сырӕза, уырдӕм-иу бахӕссут Фидыды Чырын ӕмӕ Хуыцауы уаз мигӕнӕнтӕ».


Ӕмӕ загъта левиттӕн, Дунедарӕгӕн йӕхи чи снывонд кодта, уыдонӕн, ӕгас Израилы зондамонджытӕн: «Фидыды Чырын сӕвӕрут, паддзах Давиды фырт Соломон кӕй сарӕзта, уыцы Кувӕндоны. Нал уын ӕй хъӕуы уӕхсчытыл хӕссын. Нырӕй фӕстӕмӕ лӕггад кӕнут Дунедарӕгӕн, нӕ Хуыцауӕн, ӕмӕ Йӕ адӕм Израилӕн.


Израилы хистӕртӕ куы ’рбацыдысты, уӕд левиттӕ Фидыды Чырын систой


Паддзах Соломон ӕмӕ ӕгас Израилы дзыллӕ та, паддзах кӕмӕ фӕсидти, уыдон, Фидыды Чырыны раз стурвос ӕмӕ лыстӕг фосӕй уый бӕрц нывӕндтӕ хастой, ӕмӕ сын нымӕц дӕр нал уыди.


Херувимтӕ сӕ базыртӕ Фидыды Чырыны сӕрмӕ айтыгътой ӕмӕ йӕ ӕрӕмбӕрзтой йӕ хӕссӕн хъилтимӕ.


Ӕмӕ ӕз уым Фидыды Чырын сӕвӕрдтон, йӕ мидӕг ис, Дунедарӕг Израилы адӕмимӕ цы фидыд сарӕзта, уый».


Рӕбинаг агъуыстӕн сбарста йӕ дӕргъ ӕмӕ йӕ уӕрх, ӕмӕ дыууӕрдӕм дӕр уыди фӕйнӕ ссӕдз ӕлмӕрины, Кувӕндонӕн йӕ уӕрхы хуызӕн. Загъта мын: «Уый у Рухсмонуат».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ