5 ӕмӕ йӕ ахастой. Сауджын левиттӕ ма ноджы рахастой Фембӕлды Цатыр ӕмӕ йӕ уаз дзауматӕ иууылдӕр.
Сауджынтӕ ӕмӕ левиттӕ ахастой Дунедарӕджы Фидыды Чырын ӕмӕ Фембӕлды Цатыр, стӕй, Цатыры цы уаз дзауматӕ уыди, уыдон иууылдӕр.
Уый фӕстӕ сауджынтӕ Кувӕндоны рӕбинаг уатмӕ, Рухсмонуатмӕ, бахастой Фидыды Чырын ӕмӕ йӕ ӕрӕвӕрдтой херувимты базырты бын.
Ӕмӕ ӕппӕт ӕмбырдимӕ ацыди Гивонмӕ, кувӕн къуыбырмӕ. Уым уыди Хуыцауы Уаз Цӕрӕн, Дунедарӕджы цагъар Моисей ӕдзӕрӕг быдыры кӕй саразын кодта, уый.
Уый фӕстӕ Йехода Дунедарӕджы Кувӕндоны куыстытӕ бабар кодта сауджынтӕ ӕмӕ левиттӕн, кӕддӕр сын паддзах Давид цы уаг ӕрӕвӕрдта, уымӕ гӕсгӕ, — уый сын бахӕс кодта цины зарджытимӕ иууылсудзинаг нывӕндтӕ хӕссын, Моисейы Ӕгъдауы чиныджы куыд фыст ис, афтӕ.
Израилы хистӕртӕ куы ’рбацыдысты, уӕд левиттӕ Фидыды Чырын систой
Паддзах Соломон ӕмӕ ӕгас Израилы дзыллӕ та, паддзах кӕмӕ фӕсидти, уыдон, Фидыды Чырыны раз стурвос ӕмӕ лыстӕг фосӕй уый бӕрц нывӕндтӕ хастой, ӕмӕ сын нымӕц дӕр нал уыди.