2 Азфыстытӕ 5:11 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст11 Сауджынтӕ Кувӕндонӕй рацыдысты. Уыцы бонмӕ се ’гас дӕр, чи дзы цы къордӕй уыд ӕмӕ дзы кӕмӕ цы хӕс хауди, уыдӕттӕ нӕ хынцгӕйӕ, сӕхи ссыгъдӕг кодтой. အခန်းကိုကြည့်ပါ။ |
Ам уыдысты Кувӕндоны зарӕггӕнджытӕ, левиттӕ, иууылдӕр: Асаф, Йедутун ӕмӕ Хеман сӕ фырттӕ ӕмӕ се ’рвадӕлтимӕ — лыстӕг гӕнӕй уафт дарӕсты. Се ’мдзӕгъдгӕнӕн тӕбӕгътӕ, сӕ дыууадӕстӕнонтӕ ӕмӕ сӕ хъисфӕндыртимӕ лӕууыдысты нывондхӕссӕны скӕсӕйнаг фарс. Ӕхсӕзыссӕдз сауджыны семӕ лӕууыдысты ӕмӕ хӕтӕлтӕй цагътой.
Сӕ куывды бонтӕ-иу куы ахицӕн сты, уӕд-иу сӕм кӕддӕриддӕр Иов йӕхимӕ фӕсидти, цӕмӕй сын Хуыцаумӕ скува. Райсомӕй-иу раджы сыстади ӕмӕ-иу сӕ алкӕй тыххӕй дӕр иууылсудзинаг нывонд ӕрхаста. Уымӕн ӕмӕ афтӕ хъуыды кодта Иов: «Кӕд, мыййаг, мӕ фырттӕ ӕнӕрхъуыдыйӕ Хуыцауы фӕхъыг кодтой ӕмӕ фӕтӕригъӕдджын сты?» Ӕмӕ кӕддӕриддӕр афтӕ кодта.