9 Ноджы ма скодта сауджынты кӕрт, стӕй стыр кӕрт ӕмӕ кулдуӕрттӕ кӕртмӕ цӕуынӕн. Кулдуӕртты цӕджындзтӕ састӕрдта ӕрхуыйӕ.
Мидӕггаг кӕрты, ома сауджынты кӕрты, астӕрд скодта карст дуртӕ ӕртӕ фӕлтӕры ӕвӕрдӕй. Сӕрӕй ма сыл иу фӕлтӕр бафтыдта кедрӕй конд амадхъӕдтӕ.
Галуаны бӕстыхӕйттӕн сӕ алыварс цы стыр кӕрт уыд, уый быру амад уыди афтӕ: ӕртӕ рӕнхъы — карст дуртӕ, стӕй уыдоныл иу рӕнхъ — кедр бӕласы хъӕдтӕ. Уый халдих амад уыдысты Дунедарӕджы Кувӕндоны мидӕггаг кӕрты быру ӕмӕ тыргъы систӕ дӕр.
Кувӕндонӕн йӕ дыууӕ кӕрты мидӕг нывондхӕссӕнтӕ скодта арвы стъалытӕн дӕр.
Кувӕндонӕн йӕ дыууӕ кӕрты мидӕг ӕппӕт уӕларвон ӕфсадӕн нывондхӕссӕнтӕ скодта.
Цатырӕн йӕ алыварс скӕнут кӕрт. Хуссарӕрдыгӕй йе ’мбонд-ӕмбӕрзӕн, здыхт гӕнӕй уафт, дӕргъмӕ — фондзыссӕдз ӕлмӕрины,
Уыцы лӕг Кувӕндон ӕд кӕртытӕ куы сбарста, уӕд мӕ скӕсӕнварс кулдуарыл ӕддӕмӕ ракодта ӕмӕ райдыдта барын Кувӕндоны систӕ.