7 Ноджы ма скодта дӕс цырагъдарӕны, фӕткмӕ гӕсгӕ, ӕмӕ сӕ Кувӕндоны агъуысты ӕрӕвӕрдта, фондз — рахизӕрдыгӕй, фондз та — галиуӕрдыгӕй.
Суанцъытӕй фондз сӕ цӕхгӕртимӕ лӕууыдысты Кувӕндоны рахизфарс, фондз та — йӕ галиуфарс. Ӕрхуы денджыз та лӕууыди рахизфарсӕрдыгӕй, Кувӕндонӕн йӕ хуссар-скӕсӕйнаг фисыны цур.
ноджы ма йӕм цы саразыны фӕндтӕ уыди, уыдӕтты хахныв дӕр: Дунедарӕджы хӕдзары кӕртытӕн, йӕ алыварс ӕппӕт хатӕнтӕн, Хуыцауы хӕдзары хӕзнадӕттӕн ӕмӕ уаз хӕзнаты ӕвӕрӕнтӕн.
Давид снысан кодта аргъауынӕн хъӕугӕ сыгъзӕрин мигӕнӕнтӕн сӕ алкӕцыйы сыгъзӕрины уӕз, аргъауынӕн хъӕугӕ ӕвзист мигӕнӕнтӕн сӕ алкӕцыйы ӕвзисты уӕз;
сыгъзӕрин цырагъдарӕнтӕ ӕмӕ цырӕгъты сыгъзӕрины уӕз, ӕвзист цырагъдарӕнтӕ ӕмӕ цырӕгъты ӕвзисты уӕз — алы цырагъдарӕнӕн дӕр йӕ нысанмӕ гӕсгӕ;
Адӕттӕ се ’ппӕт дӕр фыст сты Дунедарӕджы амындтыты хыгъды — Йӕхӕдӕг бацамыдта, алцыдӕр куыд аразгӕ у, уый.
Йесо дарддӕр адӕмӕн дзырдта: «Ӕз дунейӕн рухс дӕн. Мӕ фӕдыл чи рацӕуа, уый талынджы нӕ цӕудзӕни, фӕлӕ схайджын уыдзӕн царды рухсӕй».
Уыдон лӕггад кӕнынц, уӕларвы цы ис, уымӕн ӕрмӕстдӕр йӕ фӕлгонц ӕмӕ йӕ аууон чи у, уыцы Уаз Цӕрӕны — Моисей Цатыр аразынмӕ куы бавнӕлдта, уӕд ын Хуыцау куыд загъта, афтӕ: «Хъусыс, хохыл дын кӕй равдыстӕуыд, уый халдих куыд уа, ӕппӕт дӕр афтӕ сараз».
Мӕ рахиз къухы кӕй уыныс, уыцы авд стъалыйы, стӕй авд сыгъзӕрин цырагъдарӕны сусӕгдзинад ахӕм у: авд стъалыйы сты авд аргъуаны зӕдтӕ, авд цырагъдарӕны та — авд аргъуаны.