3 Йӕ зиллаккыл бынӕй уыди галты нывтӕ, дыууӕ рӕнхъӕй ӕртыхстысты денджызыл. Сӕ уӕрх уыди дӕс ӕлмӕрины, денджызимӕ уыдысты иу джиппы уагъд.
Джиппы рауагъта тымбыл ӕрхуы денджыз, йӕ фӕтӕн — дӕс ӕлмӕрины, йӕ бӕрзӕнд — фондз ӕлмӕрины, йӕ зиллакк та — дӕс ӕмӕ ссӕдз ӕлмӕрины.
Денджыз лӕууыди дыууадӕс галыл: ӕртӕ дзы касти цӕгатӕрдӕм, ӕртӕ — ныгуылӕнӕрдӕм, ӕртӕ — хуссарӕрдӕм, ӕртӕ та — скӕсӕнӕрдӕм. Сӕ чъылдымтӕ уыдысты мидӕджырдӕм, денджызы бынмӕ, здӕхт.
Алкӕмӕн дӕр дзы рахизӕрдыгӕй уыдис адӕймаджы цӕсгом, стӕй домбайы цӕсгом, галиуӕрдыгӕй та — галы цӕсгом; ноджы ма дзы алкӕмӕн дӕр уыди цӕргӕсы цӕсгом дӕр.
Херувимтӕй алкӕуыл дӕр уыди цыппар цӕсгомы: фыццаг цӕсгом — херувимы цӕсгом, дыккаг цӕсгом — адӕймаджы цӕсгом, ӕртыккаг — домбайы цӕсгом, цыппӕрӕм та — цӕргӕсы цӕсгом.
Авд сауджыны фӕйнӕ сыкъауадындзы хӕссӕнт Фидыды Чырыны разӕй. Ӕвдӕм бон та сахары алыварс ӕрзилут авд хатты, ӕмӕ сауджынтӕ сыкъауадындзтӕй уасӕнт.
Фыццаг уӕларвон удгоймаг уыди домбайы хуызӕн, дыккаг удгоймаг — галы хуызӕн, ӕртыккаг удгоймагӕн йӕ цӕсгом уыдис адӕймаджы цӕсгомау, цыппӕрӕм удгоймаг та уыди тӕхгӕ цӕргӕсы хуызӕн.