2 Джиппы рауагъта тымбыл ӕрхуы денджыз, йӕ фӕтӕн — дӕс ӕлмӕрины, йӕ бӕрзӕнд — фондз ӕлмӕрины, йӕ зиллакк та — дӕс ӕмӕ ссӕдз ӕлмӕрины.
Халдейӕгтӕ ныцъцъӕл, ныммур кодтой Дунедарӕджы Кувӕндоны ӕрхуы цӕджындзтӕ ӕмӕ уыдонӕн сӕ бынӕнцайӕнтӕ, стӕй ӕрхуы денджыз. Ӕрхуы иууылдӕр Вавилонмӕ аластой.
Адад-Езеры сахартӕ Тивхат ӕмӕ Куны тынг бирӕ ӕрхуы ӕрбатӕлӕт кодта Давид, ӕмӕ дзы фӕстӕдӕр Соломон Кувӕндонӕн ӕрхуы денджыз, цӕджындзтӕ ӕмӕ алыхуызон ӕрхуы мигӕнӕнтӕ сарӕзта.
Йӕ зиллаккыл бынӕй уыди галты нывтӕ, дыууӕ рӕнхъӕй ӕртыхстысты денджызыл. Сӕ уӕрх уыди дӕс ӕлмӕрины, денджызимӕ уыдысты иу джиппы уагъд.
Скодта нывондхӕссӕны ӕппӕт дзауматӕ: дурынтӕ, фыййӕгтӕ, кӕхцытӕ, фыдистӕ ӕмӕ цӕхӕрисӕн кӕфойтӕ. Иууылдӕр сӕ скодта ӕрхуыйӕ.
Уый фӕстӕ Бецалел ӕрхуыйӕ сарӕзта хихсӕн аг ӕмӕ йын скодта ӕрхуы суанцъы. Скодта сӕ, Фембӕлды Цатыры къӕсӕры раз чи лӕггад кодта, уыцы сылгоймӕгты ӕрхуы айдӕнтӕй.
Уыцы бон Давиды байзӕддӕгтӕн ӕмӕ Йерусалимы цӕрджытӕн байгом уыдзӕнис донгуырӕн, цӕмӕй сӕ ссыгъдӕг кӕна сӕ тӕригъӕдтӕй ӕмӕ, цӕмӕй фӕчъизи сты, уыдӕттӕй.
уӕд нӕ фервӕзын кодта, хорз хъуыддӕгтӕ нӕм цыма уыди, уый фӕрцы нӕ, фӕлӕ Йӕ хорзӕхмӕ гӕсгӕ — ӕхсад ӕрцыдыстӕм ног царддӕттӕг донӕй ӕмӕ Сыгъдӕг Уды фӕрцы систӕм ног адӕм.
Ӕз ын загътон: «Ды йӕ дӕхӕдӕг зоныс, ме ’лдар». Уӕд мын загъта: «Стыр бӕллӕхӕй чи ӕрцыд, уыдон сты; сӕ дарӕстӕ ныхсадтой ӕмӕ сӕ сурс кодтой Уӕрыччы Тугӕй.