10 Соломон ӕрхуы денджыз сӕвӕрдта рахизӕрдыгӕй, Кувӕндонӕн йӕ хуссар-скӕсӕйнаг фисыны цур.
Авраамы цагъар куывд нӕма фӕцис, ӕмӕ дын мӕнӕ, йӕ дурын йе уӕхскыл, афтӕмӕй рацӕуы Ревеккӕ — Бетуелы, Милка ӕмӕ Авраамы ӕфсымӕр Нахоры фырты, чызг.
Суанцъытӕй фондз сӕ цӕхгӕртимӕ лӕууыдысты Кувӕндоны рахизфарс, фондз та — йӕ галиуфарс. Ӕрхуы денджыз та лӕууыди рахизфарсӕрдыгӕй, Кувӕндонӕн йӕ хуссар-скӕсӕйнаг фисыны цур.