Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Азфыстытӕ 34:9 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

9 Уыдон бацыдысты алчер Хилкиамӕ ӕмӕ йын радтой, адӕм Хуыцауы хӕдзармӕ цы ӕвзист ӕрбахастой, уый. Кувӕндоны къӕсӕрыл цы хъахъхъӕнӕг-левиттӕ лӕууыд, уыдон сӕ ӕрӕмбырд кодтой Менассиа ӕмӕ Ефремы байзӕддӕгтӕй, стӕй, израилӕгтӕй ма сӕрӕгасӕй чи баззади, уыдонӕй, ноджы ма Иудӕ ӕмӕ Бениамины ӕппӕт фӕдонтӕ ӕмӕ Йерусалимы цӕрджытӕй.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Азфыстытӕ 34:9
13 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Уӕд паддзах бафӕдзӕхста алчер Хилкиайӕн ӕмӕ Дунедарӕджы Кувӕндоны къӕсӕры раз хъалагъур хӕссӕг сауджынтӕн, цӕмӕй Кувӕндонӕй ӕддӕмӕ рахӕссой, Баалӕн, Ашерӕйӕн ӕмӕ стъалытӕн цы дзауматӕ арӕзт ӕрцыд, уыдон. Йерусалимӕй сӕ фӕссахармӕ рахӕссын кодта ӕмӕ сӕ уым Кедроны тӕрфы басудзын кодта. Уый фӕстӕ сын се ’ртхутӕг Вефилмӕ ахӕссын кодта.


Фидиуджытӕ цыдысты иу сахарӕй иннӕмӕ, Ефрем ӕмӕ Менассиайы зӕххытыл ӕрзылдысты, суанг Зевулоны арӕнтӕм дӕр бахӕццӕ сты, фӕлӕ сыл адӕм худӕгӕй сӕхи хастой, хынджылӕг сӕ кодтой.


Адӕмӕй бирӕтӕ, фылдӕр та Ефрем, Менассиа, Иссахар ӕмӕ Зевулоны хӕдзарвӕндӕгтӕй, сӕхи не ссыгъдӕг кодтой, фӕлӕ уӕддӕр хордтой Куадзӕны фынгӕй, кӕд Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ афтӕ не ’мбӕлдис, уӕддӕр.


Бӕрӕгбон куы фӕци, уӕд, израилӕгтӕй Йерусалимы чи ӕрӕмбырд ис, уыдон Иудейы сахартыл ӕрзылдысты, табуйаг дуртӕ ӕмӕ Ашерӕйы цӕджындзтӕ ныззыгуым кодтой. Ӕгас Иудейы зӕххыл, стӕй Бениамин, Ефрем ӕмӕ Менассиайы зӕххыты фехӕлдтой кувӕн къуыбыртӕ ӕмӕ нывондхӕссӕнтӕ. Уый фӕстӕ дзы алчидӕр ӕрбаздӕхти йӕхи зӕххы хаймӕ, йӕ сахармӕ.


Уый фӕстӕ ӕвзист радтой, Дунедарӕджы хӕдзары куыстытӕ кӕмӕн бабар кодтой, уыцы лӕгтӕм, цӕмӕй дзы уыдон Дунедарӕджы хӕдзар цалцӕггӕнджытӕн сӕ мызд фидой.


Ноджы ма Шафан йӕ ныхасмӕ бафтыдта: «Сауджын Хилкиа мӕм тухгӕ чиныг радта». Ӕмӕ йӕ Шафан паддзахы раз бакасти.


Алчер Хилкиа, Шафаны фырт Ахикам, Михайы фырт Авдон, нымӕрдар Шафан ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнӕг Асайайӕн бафӕдзӕхста:


Хилкиа ӕмӕ паддзахы ’рвыст лӕгтӕ ацыдысты, Йерусалимы дыккаг зылды чи царди, уыцы сылгоймаг-пехуымпар Хулдамӕ. Йӕ мой Шаллум уыди Токхаты фырт, Хасрайы фырты фырт, йӕ бӕрны уыдысты Кувӕндоны уӕлӕдарӕстӕ. Ӕмӕ йын радзырдтой ӕппӕт дӕр.


Йӕ барджынтӕ дӕр адӕмӕн, стӕй сауджынтӕ ӕмӕ левиттӕн, бархийӕ лӕвӕрттӕ ракодтой сӕ фосӕй. Хуыцауы Кувӕндоны уагдартӕ, Хилкиа, Захариа ӕмӕ Йехиел, Куадзӕны нывондӕгтӕ сауджынты къухмӕ радтой: лыстӕг фосӕй — дыууӕ мин ӕмӕ ӕхсӕзсӕдӕ сӕры, стурвосӕй — ӕртӕсӕдӕ сӕры.


Ноджы ма, ме ’фсымӕртӕ, ӕцӕг, уӕздан, раст, сыгъдӕг, уарзинаг, ӕхцон цыдӕриддӕр у, цыдӕриддӕр нывыл ӕмӕ раппӕлинаг у, бӕллут уымӕ.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ