2 Азфыстытӕ 34:6 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст6 Менассиа афтӕ бакодта Ефрем ӕмӕ Симеоны сахарты дӕр, суанг Неффалимы зӕххы онг, стӕй, сӕ алыварс гӕныстонмӕ цы зӕххытӕ ’рцыдысты, уыдоны дӕр. အခန်းကိုကြည့်ပါ။ |
Бӕрӕгбон куы фӕци, уӕд, израилӕгтӕй Йерусалимы чи ӕрӕмбырд ис, уыдон Иудейы сахартыл ӕрзылдысты, табуйаг дуртӕ ӕмӕ Ашерӕйы цӕджындзтӕ ныззыгуым кодтой. Ӕгас Иудейы зӕххыл, стӕй Бениамин, Ефрем ӕмӕ Менассиайы зӕххыты фехӕлдтой кувӕн къуыбыртӕ ӕмӕ нывондхӕссӕнтӕ. Уый фӕстӕ дзы алчидӕр ӕрбаздӕхти йӕхи зӕххы хаймӕ, йӕ сахармӕ.