Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Азфыстытӕ 34:5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

5 Мӕнгхуыцӕутты сауджынтӕн се стджытӕ сӕ нывондхӕссӕнтыл басудзын кодта ӕмӕ афтӕмӕй ссыгъдӕг кодта Иудей ӕмӕ Йерусалим.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Азфыстытӕ 34:5
10 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Нывондхӕссӕны ’рдӕм Дунедарӕджы фӕдзӕхстӕй ныхъхъӕр кодта: «Нывондхӕссӕн, нывондхӕссӕн! Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: Давиды хӕдзарвӕндаджы рантысдзӕни фырт, йӕ ном — Иосиа. Ӕмӕ дыл уый нывондӕн ӕрхӕсдзӕни кувӕн къуыбырты сауджынты, дӕуыл нывӕндтӕ чи хӕсдзӕн, уыдоны, басудздзӕни дыл адӕймӕгты стджытӕ».


Иосиа уым афӕлгӕсыди хохыл ӕмӕ, зӕппӕдзтыл йӕ цӕст куы ’рхӕцыд, уӕд сын сӕ хуылфӕй мӕрдты стджытӕ рахӕссын кодта ӕмӕ сӕ нывондхӕссӕныл басыгъта. Афтӕмӕй ӕгады гакк сӕвӕрдта Вефилы нывондхӕссӕныл, раздӕр Дунедарӕджы фӕдзӕхстӕй Хуыцауы ӕвзӕрст лӕг куыд фехъусын кодта, афтӕ.


Стӕй уыцы куывддонты нывондхӕссӕнтыл аргӕвдын кодта кувӕн къуыбырты ӕппӕт сауджынты. Нывондхӕссӕнтыл басыгъта мӕрдты стджытӕ дӕр ӕмӕ фӕстӕмӕ Йерусалиммӕ раздӕхти.


Иосиа аппарын кодта, израилӕгтӕн сӕ дӕлбар цы зӕххытӕ уыд, уымыты цыдӕриддӕр ӕлгъагӕй уыди, уыдӕттӕ ӕмӕ Израилы ӕппӕт адӕмӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй лӕггад кӕной Дунедарӕгӕн, сӕ Хуыцауӕн. Ӕмӕ, цалынмӕ Иосиа ӕгас уыди, уӕдмӕ бӕстӕйы адӕм иууылдӕр сӕхи никуыуал атигъ кодтой Дунедарӕгыл, сӕ фыдӕлты Хуыцауыл.


Ӕгас Израилы зӕххыл Ашерӕйы нывондхӕссӕнтӕ ӕмӕ цӕджындзтӕ фехалын кодта, гуымирыты рыг фестын кодта, будсудзӕн нывондхӕссӕнтӕ ныддӕрӕн кодта. Ӕмӕ уый фӕстӕ ’рбаздӕхти Йерусалиммӕ.


Ӕмӕ Мӕм мӕнӕ Иудей, Израилы мӕнгард хо, раздӕхт, фӕлӕ зӕрдиагӕй нӕ, цӕстмӕ митӕ кодта ӕрмӕст, — зӕгъы Дунедарӕг.


Йерусалим! Фыддзинадӕй ссыгъдӕг кӕн дӕ зӕрдӕ ӕмӕ уӕд фервӕздзынӕ. Дӕ чъизи хъуыдытӕ кӕдмӕ ӕмбӕхсдзынӕ?


«Адӕймаджы фырт! Ацы бӕстӕйӕн зӕгъ: ды афтӕ фӕчъизи дӕ, ӕмӕ дыл Ӕз Мӕ азар ныххуырсдзынӕн, къӕвда дӕр дын нал ратдзынӕн.


Цы зӕххыл ӕрбынат кодтат, уый ма фӕчъизи кӕнут, уымӕн ӕмӕ зӕхх тугӕй фӕчъизи вӕййы, ӕмӕ йын, искӕй туг чи ныккалдта, ӕрмӕстдӕр уымӕн йӕхи тугӕй ис ссыгъдӕг кӕнӕн.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ