Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Азфыстытӕ 34:4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

4 Иосиа ныппырх кӕнын кодта Баалты нывондхӕссӕнтӕ, стӕй, цы будсудзӕнтӕ сыл уыди, уыдон дӕр. Уый акалдта Ашерӕйы цӕджындзтӕ, нывӕфтыд ӕмӕ джиппыуагъд гуымирытӕ. Иууылдӕр сӕ ныззыгуым кодта ӕмӕ сӕ, кӕддӕр сын нывӕндтӕ чи хаста, уыдоны ингӕнтыл ныххӕлиу кодта.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Азфыстытӕ 34:4
21 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Нывондхӕссӕны ’рдӕм Дунедарӕджы фӕдзӕхстӕй ныхъхъӕр кодта: «Нывондхӕссӕн, нывондхӕссӕн! Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: Давиды хӕдзарвӕндаджы рантысдзӕни фырт, йӕ ном — Иосиа. Ӕмӕ дыл уый нывондӕн ӕрхӕсдзӕни кувӕн къуыбырты сауджынты, дӕуыл нывӕндтӕ чи хӕсдзӕн, уыдоны, басудздзӕни дыл адӕймӕгты стджытӕ».


Иудейы сахарты цы кувӕн къуыбыртӕ ӕмӕ хуры цыртсурӕттӕ уыди, уыдон фехалын кодта. Асайы рӕстӕджы Иудейы паддзахады сабыр рӕстӕг скодта.


Йерусалимы ӕцӕгӕлон хуыцӕуттӕн цы нывондхӕссӕнтӕ уыди, уыдон иууылдӕр, стӕй будсудзӕн нывондхӕссӕнтӕ ныппырх кодтой ӕмӕ сӕ Кедроны тӕрфмӕ ныппӕрстой.


Бӕрӕгбон куы фӕци, уӕд, израилӕгтӕй Йерусалимы чи ӕрӕмбырд ис, уыдон Иудейы сахартыл ӕрзылдысты, табуйаг дуртӕ ӕмӕ Ашерӕйы цӕджындзтӕ ныззыгуым кодтой. Ӕгас Иудейы зӕххыл, стӕй Бениамин, Ефрем ӕмӕ Менассиайы зӕххыты фехӕлдтой кувӕн къуыбыртӕ ӕмӕ нывондхӕссӕнтӕ. Уый фӕстӕ дзы алчидӕр ӕрбаздӕхти йӕхи зӕххы хаймӕ, йӕ сахармӕ.


Амон йӕ фыд Менассиайау Дунедарӕгӕн ӕнӕуынон хъуыддӕгтӕ кодта. Кӕддӕр йӕ фыд цы гуымирытӕ сарӕзта, уыдонӕн табу кодта ӕмӕ сын нывӕндтӕ хаста.


Ногӕй сарӕзта, кӕддӕр йӕ фыд Езекиа кӕй ныппырх кодта, уыцы кувӕн къуыбыртӕ, Баалтӕн скодта нывондхӕссӕнтӕ, Ашерӕйӕн — цӕджындзтӕ; табу ӕмӕ лӕггад кодта ӕппӕт уӕларвон стъалытӕн.


Иосиа аппарын кодта, израилӕгтӕн сӕ дӕлбар цы зӕххытӕ уыд, уымыты цыдӕриддӕр ӕлгъагӕй уыди, уыдӕттӕ ӕмӕ Израилы ӕппӕт адӕмӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй лӕггад кӕной Дунедарӕгӕн, сӕ Хуыцауӕн. Ӕмӕ, цалынмӕ Иосиа ӕгас уыди, уӕдмӕ бӕстӕйы адӕм иууылдӕр сӕхи никуыуал атигъ кодтой Дунедарӕгыл, сӕ фыдӕлты Хуыцауыл.


Ӕгас Израилы зӕххыл Ашерӕйы нывондхӕссӕнтӕ ӕмӕ цӕджындзтӕ фехалын кодта, гуымирыты рыг фестын кодта, будсудзӕн нывондхӕссӕнтӕ ныддӕрӕн кодта. Ӕмӕ уый фӕстӕ ’рбаздӕхти Йерусалиммӕ.


Сымах-иу сын се ’наккаг митӕ ма бафӕзмут: сӕ хуыцӕуттӕм сын мадӕр кувгӕ кӕнут, мадӕр сын лӕггад кӕнут. Сфӕлдахут сын сӕ гуымирытӕ ӕмӕ сын ныппырх кӕнут сӕ табуйаг дуртӕ.


Джиппыуагъд уӕныджы арты басыгъта, йӕ сыгъдон ын лыстӕг ныммур кодта ӕмӕ йӕ доны ныккалдта, стӕй уыцы дон израилӕгтӕн бануазын кодта.


Сӕ нывондхӕссӕнтӕ сын фехалут, ныппырх сын кӕнут сӕ табуйаг дуртӕ, акалут Ашерӕйы цӕджындзтӕ.


Мӕнӕ цӕй фӕрцы ӕрцӕудзӕни барст Йаковы байзӕддаджы азым, йӕ тӕригъӕд хатыргонд куы ’рцӕуа, уӕд уымӕн ахӕм дыргъ уыдзӕни ӕвдисӕн: сӕ нывондхӕссӕнты дуртӕ чъырдуртау ныммур кӕндзысты, нал сӕм баззайдзӕн нӕдӕр Ашерӕйы цӕджындзтӕ, нӕдӕр будсудзӕн нывондхӕссӕнтӕ.


Уӕ кувӕн къуыбыртӕ уын ныппырх кӕндзынӕн, уӕ будсудзӕн нывондхӕссӕнтӕ уын ныззыгуым кӕндзынӕн; уӕ мӕрдтӕ уын уӕ гуымирыты сӕстытыл ныккалдзынӕн ӕмӕ уыл ӕлгъ кӕндзынӕн.


Ӕппӕт адӕттӕ ’рцӕудзысты Йаковы ӕнӕхуыцау миты, Израилы тӕригъӕдты аххосӕй. Самари — мӕнӕ ис Йаковы тӕригъӕд! Йерусалим — мӕнӕ ис Иудейы уаз къуыпп!


Арты хай сын бакӕнут сӕ гуымирыты, фӕлӕ сыл цы ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕрин ис, уыдонмӕ ма бабӕллут ӕмӕ сӕ уӕхицӕн ма райсут: цъысымы бахаудзыстут, уымӕн ӕмӕ уый ӕлгъаг у Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы раз.


Фӕлтау сын сӕ нывондхӕссӕнтӕ ныппырх кӕнут, сӕ табуйаг дуртӕ сын ныссӕттут, Ашерӕйы цӕджындзтӕ акалут, сӕ гуымирыты сын арты хай бакӕнут.


Уӕ тӕригъӕд — кӕй сарӕзтат, уыцы гуымирыйы — ӕз арты хай бакодтон, фӕнык ӕй фестын кодтон ӕмӕ уыцы фӕнык, хохы сӕрӕй цы дон цыд, уым бакалдтон.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ