Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Азфыстытӕ 34:3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

3 Йӕ паддзахиуӕджы ӕстӕм аз, нырма ӕрыгон уыдис, афтӕмӕй Иосиа йе ’ргом сарӕзта Дунедарӕджы, йӕ фыдӕл Давиды Хуыцауы ’рдӕм. Дыууадӕсӕм аз та Иудей ӕмӕ Йерусалим сыгъдӕг кӕнын райдыдта кувӕн къуыбыртӕ ӕмӕ Ашерӕйы цӕджындзтӕй, нывӕфтыд ӕмӕ джиппыуагъд гуымирытӕй.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Азфыстытӕ 34:3
26 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Нывондхӕссӕны ’рдӕм Дунедарӕджы фӕдзӕхстӕй ныхъхъӕр кодта: «Нывондхӕссӕн, нывондхӕссӕн! Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: Давиды хӕдзарвӕндаджы рантысдзӕни фырт, йӕ ном — Иосиа. Ӕмӕ дыл уый нывондӕн ӕрхӕсдзӕни кувӕн къуыбырты сауджынты, дӕуыл нывӕндтӕ чи хӕсдзӕн, уыдоны, басудздзӕни дыл адӕймӕгты стджытӕ».


Баалы гуымиры ныппырх кодтой, йӕ кувӕндон ын фехӕлдтой ӕмӕ дзы уазӕгдон сарӕзтой. Ныронг дӕр афтӕмӕй баззади.


Аивта кувӕн къуыбыртӕ, ныппырх кодта табуйаг дуртӕ ӕмӕ акалдта Ашерӕйы цӕджындзтӕ, стайын кодта, кӕддӕр Моисей кӕй скодта, уыцы ӕрхуы калм, уымӕн ӕмӕ йын уӕды онг израилӕгтӕ буд сыгътой. Ном дӕр ма йыл сӕвӕрдтой, Нехуштан, зӕгъгӕ.


Табуйаг дуртӕ тӕгӕлтӕ фӕхауын кодта ӕмӕ Ашерӕйы цӕджындзтӕ акалдта. Кӕм уыдысты, уыцы бынӕттӕ мӕрдты стджыты бын фӕкодта.


Уӕд паддзах бафӕдзӕхста алчер Хилкиайӕн ӕмӕ Дунедарӕджы Кувӕндоны къӕсӕры раз хъалагъур хӕссӕг сауджынтӕн, цӕмӕй Кувӕндонӕй ӕддӕмӕ рахӕссой, Баалӕн, Ашерӕйӕн ӕмӕ стъалытӕн цы дзауматӕ арӕзт ӕрцыд, уыдон. Йерусалимӕй сӕ фӕссахармӕ рахӕссын кодта ӕмӕ сӕ уым Кедроны тӕрфы басудзын кодта. Уый фӕстӕ сын се ’ртхутӕг Вефилмӕ ахӕссын кодта.


Давид загъта: «Мӕ фырт Соломон нырма ӕвзонг ӕмӕ ӕвӕлтӕрд у, Дунедарӕгӕн цы хӕдзар аразын хъӕуы, уый та стыр диссаг хъуамӕ уа, ӕппӕт дунейыл йӕ ном ӕмӕ йӕ ӕрдхӕрӕны рӕсугъды кой кӕмӕн айхъуысдзӕн, ахӕм. Цӕй ӕмӕ йын ӕрцӕттӕ кӕнон аразӕн ӕрмӕг». Ӕмӕ Давид бирӕ ӕрцӕттӕ кодта йӕ амӕлӕты размӕ.


Ды дӕр, мӕ хъӕбул Соломон, зон дӕ фыды Хуыцауы ӕмӕ Йын кус зӕрдиагӕй, удуӕлдайӕ, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг уыны алкӕй мидзӕрдӕ, зоны алы фӕнд. Куы Йӕ агурай, уӕд дын раргом кӕндзӕн Йӕхи, намӕ Йыл куы сыстырзӕрдӕ уай, уӕд та дыл бахъоды кӕндзӕни мыггагмӕ.


Паддзах Давид загъта Израилы адӕмӕн: «Мӕ фырт Соломон (Хуыцау ӕрмӕстдӕр уый равзӕрста) нырма ӕвзонг ӕмӕ ӕвӕлтӕрд у, ацы хъуыддаг та тынг стыр у, уымӕн ӕмӕ ацы галуан адӕймаджы нӕ, фӕлӕ Дунедарӕг Хуыцауы уыдзӕн.


Цалынмӕ бӕстӕ сабыр уыди, уӕдмӕ Иудейы фидаргонд сахартӕ сарӕзта. Уыцы азты йемӕ ничи хӕцыд, уымӕн ӕмӕ йын Дунедарӕг сабырдзинад балӕвар кодта.


ӕмӕ уый Асайы размӕ рацыд ӕмӕ йын загъта: «Аса, стӕй Иудӕ ӕмӕ Бениамины адӕм, ӕрбайхъусут-ма уе ’ппӕт дӕр! Дунедарӕг уыдзӕни уемӕ, цалынмӕ уӕхӕдӕг Йемӕ уат, уӕдмӕ. Куы Йӕ агурат, уӕд уӕм раргом уыдзӕн. Фӕлӕ Йӕ куы ныууадзат, уӕд уыл Уый дӕр Йӕхи атигъ кӕндзӕн.


Йерусалимы ӕцӕгӕлон хуыцӕуттӕн цы нывондхӕссӕнтӕ уыди, уыдон иууылдӕр, стӕй будсудзӕн нывондхӕссӕнтӕ ныппырх кодтой ӕмӕ сӕ Кедроны тӕрфмӕ ныппӕрстой.


Дунедарӕджы Кувӕндонӕй ӕцӕгӕлон хуыцӕуттӕ ӕмӕ гуымирыйы раппарын кодта. Кувӕндон цы хохыл лӕууыд, ууыл, стӕй Йерусалимы кӕй саразын кодта, уыцы нывондхӕссӕнтӕ дӕр фехӕлдта, иууылдӕр сӕ сахары ӕддемӕ ахӕссын кодта.


Фӕлӕ ма уӕддӕр адӕм кувӕн къуыбыртыл нывӕндтӕ хастой, ӕцӕг Дунедарӕджы, сӕ Хуыцауы, номыл.


Амон йӕ фыд Менассиайау Дунедарӕгӕн ӕнӕуынон хъуыддӕгтӕ кодта. Кӕддӕр йӕ фыд цы гуымирытӕ сарӕзта, уыдонӕн табу кодта ӕмӕ сын нывӕндтӕ хаста.


Иосиа аппарын кодта, израилӕгтӕн сӕ дӕлбар цы зӕххытӕ уыд, уымыты цыдӕриддӕр ӕлгъагӕй уыди, уыдӕттӕ ӕмӕ Израилы ӕппӕт адӕмӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй лӕггад кӕной Дунедарӕгӕн, сӕ Хуыцауӕн. Ӕмӕ, цалынмӕ Иосиа ӕгас уыди, уӕдмӕ бӕстӕйы адӕм иууылдӕр сӕхи никуыуал атигъ кодтой Дунедарӕгыл, сӕ фыдӕлты Хуыцауыл.


уӕд мыггагмӕ кад кӕндзысты Дӕуӕн, цалынмӕ ’рттивой хур ӕмӕ мӕй.


Сӕ нывондхӕссӕнтӕ сын фехалут, ныппырх сын кӕнут сӕ табуйаг дуртӕ, акалут Ашерӕйы цӕджындзтӕ.


Адӕймаг ӕрыгонӕй дӕр йӕ митӕй бӕрӕг вӕййы — йӕ хъуыддӕгтӕ сыгъдӕг ӕмӕ цӕсгомджын сты ӕви нӕ.


Чи мӕ уарзы, уыдоны уарзын, чи мӕ агуры, уыдон мӕ ссардзысты.


Ӕвзонджы бонтӕй ма рох кӕн, Сфӕлдисӕгимӕ дӕ сӕмбӕлын кӕй хъӕуы, уый, науӕд фидӕны фӕсмон кӕндзынӕ ӕмӕ дзурдзынӕ: «Бафӕлладтӕн цардӕй!»


Уӕ кувӕн къуыбыртӕ уын ныппырх кӕндзынӕн, уӕ будсудзӕн нывондхӕссӕнтӕ уын ныззыгуым кӕндзынӕн; уӕ мӕрдтӕ уын уӕ гуымирыты сӕстытыл ныккалдзынӕн ӕмӕ уыл ӕлгъ кӕндзынӕн.


Ӕппӕт адӕттӕ ’рцӕудзысты Йаковы ӕнӕхуыцау миты, Израилы тӕригъӕдты аххосӕй. Самари — мӕнӕ ис Йаковы тӕригъӕд! Йерусалим — мӕнӕ ис Иудейы уаз къуыпп!


Фыццаджыдӕр агурут Хуыцауы Паддзахад ӕмӕ Йӕ рӕстдзинад, ӕмӕ уын ӕппӕт уыдӕттӕ дӕр лӕвӕрд уыдзысты.


уыимӕ сабибонтӕй фӕстӕмӕ ды зоныс Сыгъдӕг Фыст — уымӕ ис дӕуӕн зонд раттыны тых, цӕмӕй Йесо Чырыстийыл ӕууӕндыны руаджы фервӕзай.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ