Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Азфыстытӕ 34:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

2 Иосиа Дунедарӕгӕн фӕндон хъуыддӕгтӕ кодта. Алцӕмӕй дӕр фӕзмыдта йӕ фыдӕл Давиды, уый фӕндагыл цыди ӕмӕ дзы йӕхи нӕдӕр рахизӕрдӕм, нӕдӕр галиуӕрдӕм здӕхта.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Азфыстытӕ 34:2
15 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Давиды байзӕддагӕй паддзахад байстон ӕмӕ йӕ дӕ къухы бакодтон. Фӕлӕ дӕумӕ Мӕ лӕггадгӕнӕг Давиды миниуджытӕй ницы разынд. Уый Мын ӕххӕст кодта Мӕ фӕдзӕхстытӕ, Мӕ фӕндон, кодта Мын иузӕрдион лӕггад.


уымӕн ӕмӕ Давид арӕзта Дунедарӕджы фӕндон хъуыддӕгтӕ. Уый йын цы бафӕдзӕхста, уыдонӕй цӕрӕнбонты ницы фехӕлдта, хеттаг Уриайӕн цы бакодта, уымӕй дарддӕр.


Иосиа кодта Дунедарӕджы фӕндон хъуыддӕгтӕ. Алцӕмӕй дӕр фӕзмыдта йӕ фыдӕл Давиды, йӕхи дзы нӕдӕр рахизӕрдӕм, нӕдӕр галиуӕрдӕм здахгӕйӕ.


Аса, Дунедарӕджы цӕсты хорз ӕмӕ растыл нымад цы уыди, уыдӕттӕ кодта.


Дунедарӕг аудыдта Иосафатыл, уымӕн ӕмӕ уый алцӕмӕй дӕр фӕзмыдта, йӕ фыдӕл Давид йӕ паддзахиуӕджы райдиан цы хъуыддӕгтӕ кодта, уыдон: Баалтӕн нӕ куывта,


фӕлӕ ӕрцагуырдта йӕ фыдӕлты Хуыцауы ӕмӕ Йын ӕххӕст кодта Йӕ фӕдзӕхстытӕ. Израилӕгты хъуыддӕгтӕ нӕ фӕзмыдта.


Езекиа Дунедарӕгӕн фӕндон хъуыддӕгтӕ кодта, йӕ фыдӕл Давид куыддӕриддӕр уыдис, афтӕ.


Йӕ паддзахиуӕджы ӕстӕм аз, нырма ӕрыгон уыдис, афтӕмӕй Иосиа йе ’ргом сарӕзта Дунедарӕджы, йӕ фыдӕл Давиды Хуыцауы ’рдӕм. Дыууадӕсӕм аз та Иудей ӕмӕ Йерусалим сыгъдӕг кӕнын райдыдта кувӕн къуыбыртӕ ӕмӕ Ашерӕйы цӕджындзтӕй, нывӕфтыд ӕмӕ джиппыуагъд гуымирытӕй.


Дӕ фӕндагыл дыууӕрдӕм ма кӕн, ӕвзӕрдзинадӕй дӕхи хиз.


Уыдон дын цы ’гъдау бацамоной ӕмӕ цы тӕрхон скӕной, уымӕ гӕсгӕ-иу алцыдӕр бакӕн, рахизӕрдӕм дӕр ӕмӕ галиуӕрдӕм дӕр ма фӕзил, афтӕмӕй.


цӕмӕй йе ’фсымӕртӕм сӕрбӕрзондӕй ма кӕса, ацы фӕдзӕхстытӕй рахизӕрдӕм дӕр ӕмӕ галиуӕрдӕм дӕр ма фӕзила, цӕмӕй йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ йӕ байзӕддӕгтӕ дӕр тъымы-тъыматӕм паддзахиуӕг кӕной Израилы.


цыдӕриддӕр уын фӕдзӕхсын, уымӕй рахизӕрдӕм дӕр ӕмӕ галиуӕрдӕм дӕр куынӕ фӕзилат, ӕндӕр хуыцӕутты фӕдыл куынӕ адзӕгъӕл уат ӕмӕ сӕм кувын куынӕ райдайат, уӕд.


Уӕхимӕ кӕсут уӕдӕ, ӕмӕ уын Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, куыд бафӕдзӕхста, афтӕ кӕнут: рахизӕрдӕм дӕр ӕмӕ галиуӕрдӕм дӕр ма фӕзилут.


Уӕдӕ фидар лӕуу ӕмӕ ма фӕтас! Дӕхи хъар, Мӕ цагъар Моисей дын цы Ӕгъдау бафӕдзӕхста, уый ӕнӕхъӕнӕй ӕххӕст кӕныныл! Мадӕр дзы рахизӕрдӕм ахиз, мадӕр галиуӕрдӕм, ӕмӕ уӕд дӕ аразинӕгтӕ иууылдӕр дӕ къухы ӕфтдзысты.


Уымӕ гӕсгӕ уӕхи хъарут, Моисейы Ӕгъдауы чиныджы цыдӕриддӕр фыст ис, уыдӕттӕ ӕнӕхъӕнӕй ӕххӕст кӕныныл, мадӕр дзы рахизӕрдӕм ахизут, мадӕр галиуӕрдӕм.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ