1 Иосиа паддзах куы сси, уӕд ыл цыди аст азы, ӕмӕ Йерусалимы йӕ паддзахиуӕг ахаста иуӕндӕс ӕмӕ ссӕдз азы.
Нывондхӕссӕны ’рдӕм Дунедарӕджы фӕдзӕхстӕй ныхъхъӕр кодта: «Нывондхӕссӕн, нывондхӕссӕн! Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: Давиды хӕдзарвӕндаджы рантысдзӕни фырт, йӕ ном — Иосиа. Ӕмӕ дыл уый нывондӕн ӕрхӕсдзӕни кувӕн къуыбырты сауджынты, дӕуыл нывӕндтӕ чи хӕсдзӕн, уыдоны, басудздзӕни дыл адӕймӕгты стджытӕ».
Паддзах арвыста Иудей ӕмӕ Йерусалимы хистӕртӕм ӕмӕ сӕ ӕрӕмбырд кодтой.
Иоас Иудейы паддзах куы сси, уӕд ыл цыди авд азы ӕмӕ Йерусалимы паддзахиуӕг фӕкодта дыууиссӕдз азы. Йӕ мад Цивйа уыди Беер-Шевӕйы сахарӕй.
Амациайы бӕсты ӕгас Иудейы адӕм паддзахӕй расидтысты йе ’хсӕрдӕсаздзыд фырт Озиайы.
Менассиа паддзах куы сси, уӕд ыл цыди дыууадӕс азы ӕмӕ Йерусалимы паддзахиуӕг фӕкодта фынддӕс ӕмӕ дыууиссӕдз азы.
Фӕлӕ бӕстӕйы цӕрджытӕ, Амоны ныхмӕ сусӕгвӕнды чи архайдта, уыдоны се ’ппӕты дӕр ныццагътой ӕмӕ йын йӕ бӕсты паддзахӕй расидтысты йӕ фырт Иосиайы.
Мӕгуыр ӕмӕ зондджын лӕппу, уынаффӕтӕм чи нӕ хъусы, ахӕм ӕдылы ӕмӕ зӕронд паддзахӕй хуыздӕр у.
Дунедарӕг Йеремиайӕн Йӕ ныхас фехъусын кодта, Иудейы паддзах, Амоны фырт Иосиа, ӕртындӕсӕм аз хицауиуӕг куы кодта, уыцы заман.
Дунедарӕг ӕртӕ ӕмӕ ссӕдз азы дӕргъы ныхас кӕны мемӕ, иудейаг паддзах Иосиа, Амоны фырт, ӕртындӕсӕм аз хицауиуӕг куы кодта, уӕдӕй абонмӕ. Ӕмӕ ӕз ӕрвылбон уемӕ дзырдтон, фӕлӕ нӕ хъуыстат.
Паддзах Иосиайы заман мӕм Дунедарӕг раргом ис ӕмӕ мын загъта: Ды Израилы чызгӕн, гадзрахатӕй рацӕуӕгӕн, йӕ хъуыддӕгтӕ иууылдӕр федтай. Алы къуыбырмӕ, алы къабузджын бӕласмӕ цыди ӕмӕ уым хъахбай митӕ кодта.
Ацы чиныджы фыст ӕрцыди Софониайы рагуац Дунедарӕджы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ. Йӕ фыдӕлтӕ кӕстӕрӕй хистӕрмӕ: Куши, Гедалиа, Амариа, Езекиа. Дунедарӕг ын ацы рагуац фехъусын кодта, Амоны фырт Иосиа Иудейы паддзахиуӕг куы кодта, уыцы заман.
Фондз таланты чи райста, уый уайтагъд ацыд, спайда сӕ кодта ӕмӕ ма сӕ ноджы фондз таланты бакуыста.
Самуел та лӕггад кодта Дунедарӕджы хӕдзары ӕмӕ, кӕд нырма ӕвзонг уыди, уӕддӕр дардта ефод, гӕнӕй уафт хъуымацӕй.
Ӕвзонг Самуел та куыд хъомыл кодта, афтӕ йыл тынгдӕр радысты Дунедарӕг ӕмӕ адӕм.