Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Азфыстытӕ 33:9 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

9 Фӕлӕ Менассиа Иудей ӕмӕ Йерусалимы цӕрджытӕн сӕ сӕрызонд афтӕ сзыгъуыммӕ кодта, ӕмӕ израилӕгтӕн бынат суӕгъд кӕныны тыххӕй Дунедарӕг цы адӕмты ныццагъта, уыдонӕй фӕфыддӕр сты.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Азфыстытӕ 33:9
18 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Израилы адӕмы ныууадздзӕн Йоровамы тӕригъӕдты тыххӕй, стӕй, Йоровам йӕ адӕмы тӕригъӕды азымы кӕй баппӕрста, уый тыххӕй».


Йӕ фыдау уый дӕр, Дунедарӕгӕн ӕнӕуынон цы у, уыдӕттӕ кодта, фӕзмыдта йӕ фыды тӕригъӕдджын митӕ, Йоровам Израилы адӕмы цы тӕригъӕдты бафтыдта, уыдон.


Менассиа, иуӕй, иудейӕгты баппӕрста тӕригъӕдты азымы, цӕмӕй кӕной, Дунедарӕджы зӕрдӕмӕ цы нӕ цӕуы, уыдӕттӕ, иннӕмӕй та ныккалдта бирӕ ӕназым туг ӕмӕ туджы бын фӕкодта ӕгас Йерусалимы сахар дӕр.


Фӕлӕ уӕддӕр Дунедарӕджы маст нӕ фӕкъаддӕр иудейӕгтӕм, уымӕн ӕмӕ Йӕ Менассиа тынг бафхӕрдта йе ’наккаг митӕй.


Афтӕ фегад кодта Дунедарӕг Иудейы адӕмы, Израилы паддзах Ахаз се ’нӕуаг митыл кӕй бафтыдта ӕмӕ Дунедарӕгыл иузӕрдион кӕй нал уыди, уый тыххӕй.


Дунедарӕг Менассиа ӕмӕ йӕ адӕмы рагацау бахизыныл архайдта, фӕлӕ Йӕм нӕ хъуыстой.


Менассиа Дунедарӕгӕн ӕнӕуынон хъуыддӕгтӕ кодта. Дунедарӕг израилӕгты разӕй цы адӕмты фӕсырдта, уыдоны ӕлгъаг митӕ фӕзмыдта.


Ӕз израилӕгты, сӕ фыдӕлтӕн сын цы зӕхх радтон, уымӕй никуыуал фӕхауӕццаг кӕндзынӕн, кӕд, цыдӕриддӕр сын бафӕдзӕхстон, уыдӕттӕ, Моисейы уылты сын кӕй радтон, уыцы Ӕгъдау, уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ амындтытӕ иууылдӕр ӕххӕст кӕной, уӕд».


Кӕд паддзах мӕнг ныхӕстӕм хъусы, уӕд йӕ фӕсдзӕуинтӕ сты ӕнаккӕгтӕ.


Уымӕ гӕсгӕ афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Ху ыцау: сымах уӕ алыварс адӕмтӕй бирӕ хивастдӕр разындыстут, Мӕ уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ Мӕ амындтытӕ Мын не ’ххӕст кӕнут, уыимӕ ма суанг уӕ алыварс адӕмты ӕгъдӕуттӕ дӕр.


Ахӕм хъуыддӕгтӕй уӕхи ма фӕчъизи кӕнут, уымӕн ӕмӕ уыдӕттӕй сӕхи фӕчъизи кодтой, Ӕз уӕ цурӕй кӕй сурын, уыцы адӕмтӕ.


Ды ӕххӕст кодтай Амрийы ӕгъдӕуттӕ ӕмӕ фӕзмыдтай Ахавы фӕдонты хъуыддӕгтӕ, уыдоны уынаффӕтӕм гӕсгӕ цӕрыс. Уымӕ гӕсгӕ дӕ Ӕз ӕдзӕрӕг быдыр фестын кӕндзынӕн, дӕ цӕрджыты дын сӕгад кӕндзынӕн, адӕмтӕн хынджылӕггаг суыдзыстут.


Анакы байзӕддӕгтау ӕнӕнымӕц сты уыцы адӕм, асӕй — бӕрзонд; Дунедарӕг сӕ ныццагъта — аммонӕгтӕ сӕ фӕсырдтой ӕмӕ сӕ бынаты ӕрцардысты.


Уый фӕстӕ уӕ Ӕз ӕрбакодтон Иорданы фале цӕрӕг аморӕгты зӕхмӕ. Уыдон уемӕ схӕцыдысты, фӕлӕ уын сӕ Ӕз радтон уӕ къухтӕм. Ныццагътон сӕ уӕхи цӕстыты раз, ӕмӕ сын сымах бацахстат сӕ зӕхх — сси уын фыдӕй-фыртмӕйы исбон.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ