Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Азфыстытӕ 33:4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

4 Суанг Дунедарӕджы Кувӕндоны дӕр, Дунедарӕг афтӕ кӕмӕй загъта, Йерусалимы Мӕ ном мыггагмӕ цӕрдзӕн, зӕгъгӕ, Менассиа нывондхӕссӕнтӕ сарӕзта.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Азфыстытӕ 33:4
17 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Мӕ номыл хӕдзар уый сараздзӕн, ӕмӕ йын Ӕз йӕ паддзахы бадӕн ӕмӕ йӕ паддзахад сфидар кӕндзынӕн ӕнустӕм.


Ӕхсӕвӕй уа, бонӕй, Де ’ргом макуы аздах ацы Кувӕндонӕй, ацы бынатӕй, Мӕ ном дзы цӕрдзӕни, зӕгъгӕ, кӕмӕй загътай, уымӕй! Дӕ цагъар Дӕм кувы, ацы бынатмӕ йе ’ргом саразгӕйӕ, ӕмӕ йын айс йӕ куывд.


ӕмӕ йын загъта: «Фехъуыстон дын дӕ куывд ӕмӕ дӕ лӕгъстӕ, цыдӕриддӕр Мӕ куырдтай, уый ӕмӕ, цы Кувӕндон сарӕзтай, уый срухс кодтон. Мыггагмӕ дзы цӕрдзӕни Мӕ ном, Мӕ цӕстытӕ ӕмӕ Мӕ зӕрдӕ ӕдзух уыдзысты уырдӕм арӕзт.


Уыцы хуызӕгмӕ гӕсгӕ, Ахаз Дамаскӕй нӕма ӕрыздӕхт, афтӕ, Уриа скодта нывондхӕссӕн.


Сауджын Уриа бакодта, паддзах Ахаз ын куыддӕриддӕр бафӕдзӕхста, афтӕ.


Ахаз ӕрӕмбырд кодта Хуыцауы Кувӕндоны дзауматӕ ӕмӕ сӕ ныппырх кӕнын кодта, стӕй йын йӕ дуӕрттӕ сӕхгӕдта ӕмӕ Йерусалимы алы рӕтты саразын кодта нывондхӕссӕнтӕ.


Уыдон Йерусалимы Хуыцауы барстой иннӕ адӕмты хуыцӕуттыл, адӕймаджы къухӕй конд хуыцаугӕндтыл.


Дунедарӕджы Кувӕндонӕй ӕцӕгӕлон хуыцӕуттӕ ӕмӕ гуымирыйы раппарын кодта. Кувӕндон цы хохыл лӕууыд, ууыл, стӕй Йерусалимы кӕй саразын кодта, уыцы нывондхӕссӕнтӕ дӕр фехӕлдта, иууылдӕр сӕ сахары ӕддемӕ ахӕссын кодта.


Хъӕдӕй кӕй саразын кодта, уыцы гуымирыйы та сӕвӕрдта Дунедарӕджы Кувӕндоны, Дунедарӕг Давид ӕмӕ Соломонӕн афтӕ кӕмӕй загъта: «Ацы Кувӕндоны, Йерусалимы — Израилы ӕппӕт хӕдзарвӕндӕгты исбонӕй Мӕхицӕн кӕй равзӕрстон, уыцы сахары — Мӕ ном цӕрдзӕни мыггагмӕ.


Уыдон хъӕддӕснытӕ ӕмӕ аразджытӕн ӕхца лӕвӕрдтой, цӕмӕй дзы лӕгъзгонд дуртӕ ӕмӕ хъайвантӕн хъӕдӕрмӕг ӕлхӕной, иудейаг паддзӕхты аххосӕй заууатмӕ цы бӕстыхӕйттӕ ’рцыдысты, уыдон ногӕй рацаразынӕн.


„Мӕ адӕмы Мысырӕй куы ракодтон, уӕдӕй абонмӕ Израилы хӕдзарвӕндӕгтӕй иуы сахар дӕр нӕ равзӕрстон, цӕмӕй дзы Мӕ номыл Кувӕндон саразон, стӕй мӕ адӕмӕн хицауӕй дӕр никӕй сӕвзӕрстон.


Фӕлӕ ныр Ӕз равзӕрстон Йерусалим, цӕмӕй дзы цӕра Мӕ ном, ӕмӕ сӕвзӕрстон Давиды, цӕмӕй ӕрлӕууа Мӕ адӕмы, Израилы сӕргъы“.


Ӕз ацы Кувӕндон Мӕхицӕн равзӕрстон ӕмӕ йӕ срухс кодтон. Мыггагмӕ дзы цӕрдзӕни Мӕ ном, Мӕ цӕстытӕ ӕмӕ Мӕ зӕрдӕ ӕдзухдӕр уыдзысты уым.


Иудейы цот Мӕ разы фыдракӕндтӕ кӕнынц, — зӕгъы Дунедарӕг. — Мӕ ном цы хӕдзарыл ӕвӕрд ис, уым се ’лгъӕгтӕ сӕвӕрдтой ӕмӕ йӕ фӕчъизи кодтой.


уӕд-иу, Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, Йӕхӕдӕг кӕй равзара ӕмӕ Йӕ номы аккаг кӕй скӕна, уыцы бынатмӕ сӕмбӕлын кӕнут, цы уын фӕдзӕхсын, уыдон иууылдӕр: уӕ иууылсудзинаг нывӕндтӕ ӕмӕ уӕ иннӕ кусӕрттӕгтӕ, уӕ исбонӕй алцӕмӕн дӕр йӕ дӕсӕймаг хай ӕмӕ уӕ къухвӕллойы ӕппӕт хуынтӕ, Дунедарӕгӕн ӕй ратдзынӕн, зӕгъгӕ, цӕмӕйдӕриддӕр загътат, уыдон.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ