2 Азфыстытӕ 33:3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст3 Ногӕй сарӕзта, кӕддӕр йӕ фыд Езекиа кӕй ныппырх кодта, уыцы кувӕн къуыбыртӕ, Баалтӕн скодта нывондхӕссӕнтӕ, Ашерӕйӕн — цӕджындзтӕ; табу ӕмӕ лӕггад кодта ӕппӕт уӕларвон стъалытӕн. အခန်းကိုကြည့်ပါ။ |
Уӕд паддзах бафӕдзӕхста алчер Хилкиайӕн ӕмӕ Дунедарӕджы Кувӕндоны къӕсӕры раз хъалагъур хӕссӕг сауджынтӕн, цӕмӕй Кувӕндонӕй ӕддӕмӕ рахӕссой, Баалӕн, Ашерӕйӕн ӕмӕ стъалытӕн цы дзауматӕ арӕзт ӕрцыд, уыдон. Йерусалимӕй сӕ фӕссахармӕ рахӕссын кодта ӕмӕ сӕ уым Кедроны тӕрфы басудзын кодта. Уый фӕстӕ сын се ’ртхутӕг Вефилмӕ ахӕссын кодта.
Бӕрӕгбон куы фӕци, уӕд, израилӕгтӕй Йерусалимы чи ӕрӕмбырд ис, уыдон Иудейы сахартыл ӕрзылдысты, табуйаг дуртӕ ӕмӕ Ашерӕйы цӕджындзтӕ ныззыгуым кодтой. Ӕгас Иудейы зӕххыл, стӕй Бениамин, Ефрем ӕмӕ Менассиайы зӕххыты фехӕлдтой кувӕн къуыбыртӕ ӕмӕ нывондхӕссӕнтӕ. Уый фӕстӕ дзы алчидӕр ӕрбаздӕхти йӕхи зӕххы хаймӕ, йӕ сахармӕ.