2 Менассиа Дунедарӕгӕн ӕнӕуынон хъуыддӕгтӕ кодта. Дунедарӕг израилӕгты разӕй цы адӕмты фӕсырдта, уыдоны ӕлгъаг митӕ фӕзмыдта.
Буд сыгътой ӕппӕт кувӕн къуыбыртыл, Дунедарӕг сын сӕ цурӕй кӕй фӕсырдта, уыцы адӕмты фӕзмгӕйӕ. Дунедарӕгӕн масты хос чи уыд, ахӕм ӕнаккаг митӕ кодтой.
Суӕлӕхох Ын сты Йӕ уагӕвӕрдтыл, кӕддӕр сын сӕ фыдӕлтимӕ цы фидыд сарӕзта, ууыл, Йӕ уынаффӕтыл. Табу кӕнын байдыдтой ницӕйаг гуымирытӕн. Сӕ ницӕйаг хъуыддӕгтӕй фӕзмыдтой, Дунедарӕг сын кӕй тыххӕй фӕдзӕхста, ма сӕ бафӕзмут, зӕгъгӕ, уыдоны — сӕ алыварс цӕрӕг адӕмты.
Менассиа, Дунедарӕгӕн ӕнӕуынон цы уыд, уыдӕттӕ кодта, кӕддӕр Дунедарӕг Израилы адӕмы цурӕй кӕй фӕсырдта, уыцы адӕмты ӕлгъаг митӕ фӕзмыдта.
Фӕлӕ Израилы адӕм нӕ хъуыстой Хуыцаумӕ. Менассиа сын сӕ зонд сзыгъуыммӕ кодта, ӕмӕ сын Дунедарӕг сӕ цурӕй цы адӕмты фӕсырдта, уыдонӕй дӕр фыддӕр фесты.
Хинномы фырты дӕлвӕзы хаста нывӕндтӕ ӕмӕ йӕхи фыртты арты басыгъта, Дунедарӕг израилӕгты разӕй кӕй фӕсырдта, уыцы адӕмты ӕлгъаг митӕ фӕзмгӕйӕ.
Амон йӕ фыд Менассиайау Дунедарӕгӕн ӕнӕуынон хъуыддӕгтӕ кодта. Кӕддӕр йӕ фыд цы гуымирытӕ сарӕзта, уыдонӕн табу кодта ӕмӕ сын нывӕндтӕ хаста.
Хистӕр сауджынтӕ ӕмӕ адӕмы хистӕрты тӕригъӕдтӕн дӕр кӕрон нал уыди. Муртаттӕгты ӕлгъаг митӕ фӕзмыдтой ӕмӕ фӕчъизи кодтой Дунедарӕджы Кувӕндон, Дунедарӕг Йерусалимы кӕй срухс скодта, уый.
Ӕмӕ ма уыдӕтты фӕстӕ, ау, Дӕ фӕдзӕхстытӕ ногӕй халдзыстӕм ӕмӕ уыцы ӕлгъаг адӕмтимӕ хӕстӕгиуӕг кӕндзыстӕм? Ӕмӕ нӕм уӕд бындзагъд ныккӕныны онг не смӕсты уыдзынӕ, аирвӕзӕг дӕр нӕ куыннӕуал уа ӕмӕ нын аирвӕзӕн дӕр куыннӕуал уа, афтӕ?
Иудейы паддзах, Езекиайы фырт Менассиа, Йерусалимы цытӕ фӕкодта, уыдӕтты тыххӕй сӕ ӕппӕт зӕххон паддзахӕдтӕн Ӕз ӕвирхъау дӕнцӕг сараздзынӕн».
ӕмӕ уӕд базондзыстут, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый. Уымӕн ӕмӕ Мын сымах Мӕ уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ Мӕ амындтытӕ не ’ххӕст кодтат, фӕлӕ, уӕ алыварс цы адӕмтӕ ис, уыдоны ӕгъдӕуттӕм гӕсгӕ цардыстут“».
Ды басӕттынмӕ кӕмӕ цӕуыс, уыцы адӕмты Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, куы ныццӕгъда, куы сӕ басӕттай ӕмӕ сын сӕ зӕххыл куы ӕрбынӕттон уай,
Ды Дунедарӕгӕн, дӕ Хуыцауӕн, афтӕ ма кӕн: Дунедарӕг цӕуылдӕриддӕр ӕлгъ кӕны ӕмӕ Йын цыдӕриддӕр ӕнӕуынон у, уыдӕттӕ уыдон сӕ хуыцӕуттӕн кодтой; суанг ма сӕ фырттӕ ӕмӕ сӕ чызджыты дӕр арты сыгътой сӕ хуыцӕутты номыл.
Уымӕн ӕмӕ, уӕхи кӕй зӕхх бакӕндзыстут, уыцы адӕмтӕ дӕснытӕ ӕмӕ кӕлӕнгӕнджытӕм хъусынц, сымахӕн та Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, ахӕм бар нӕ дӕтты.
Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сымахӕн цы бӕстӕ дӕтты, уырдӕм куы бацӕуат, уӕд уымы адӕмты ӕлгъаг митӕ ма бафӕзмут.