Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Азфыстытӕ 32:9 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

9 Уымӕй иу цасдӕр рӕстӕджы фӕстӕ Ассирийы паддзах Санхериб йӕ минӕвӕртты барвыста Йерусалиммӕ, иудейаг паддзах Езекиамӕ, стӕй, Йерусалимы чи уыди, уыцы адӕммӕ се ’ппӕтмӕ дӕр (йӕхӕдӕг йе ’фсадимӕ уыцы рӕстӕг ӕрхъула кодта Лахишы сахарыл), цӕмӕй сын фехъусын кӕной:

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Азфыстытӕ 32:9
9 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Уӕддӕр Ассирийы паддзах Лахишӕй Езекиамӕ стыр ӕфсадимӕ арвыста йӕ барджынты: йе ’фсады хицауы, йӕ галуаны уагдары ӕмӕ йӕ хистӕр дзагдары. Уыдон Йерусалиммӕ куы бахӕццӕ сты, уӕд ӕрлӕууыдысты, Чъырӕйцӕгъдӕджы быдырмӕ фӕндагыл уӕллаг цадӕй донвӕд кӕм рацӕуы, уыцы ран.


«Афтӕ зӕгъы Ассирийы паддзах Санхериб: Йерусалимы фидары бадгӕйӕ, уӕ зӕрдӕ цӕуыл дарут?


Ассирийы паддзах Лахишӕй Йерусалиммӕ паддзах Езекиамӕ бирӕ ӕфсадимӕ арвыста йӕ хистӕр дзагдары. Уый ӕрлӕууыди, Чъырӕйцӕгъдӕджы быдырмӕ фӕндагыл Уӕллаг цадӕй цы дондзӕуӕн цӕуы, уый дзыхмӕ.


Ассирийы паддзахы сӕйраг уырдыгыстӕг аздӕхти фӕстӕмӕ, ӕмӕ йӕм фӕндагыл фӕхабар чындӕуыд, Санхериб Лахишы сахар ныууагъта, зӕгъгӕ. Йӕ паддзахы баййӕфта Ливнӕйы сахары ныхмӕ хӕцгӕйӕ.


Лахишы цӕрӕг, дӕ бӕхтӕ уӕрдоны сифтындз! Сионы чызгӕн йӕ тӕригъӕдтӕ дӕуӕй райдыдтой! Израилы фыдракӕндты аххосджын ды дӕ!


Уый фӕстӕ Йешуа ӕппӕт израилӕгтимӕ Ливнӕйӕ абалц кодта Лахишы сахармӕ, ӕртыхсти йыл ӕмӕ йӕ ныхмӕ схӕцыд.


Йармуты паддзах, Лахишы паддзах,


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ