7 «Фидар лӕуут ӕмӕ ӕхсарджын ут! Ма тӕрсут ассириаг паддзахӕй, йе стыр ӕфсадӕй! Уымӕн ӕмӕ, махӕн цы тых ӕххуыс кӕны, уый уыдоны хъомысӕй тыхджындӕр у.
Дунедарӕгӕй дӕр уын зӕрдӕ ма ӕвӕрӕд, ма дзурӕд, фервӕзын нӕ кӕндзӕн ӕмӕ ацы сахар Ассирийы паддзахы къухтӕм лӕвӕрд не ’рцӕудзӕн, зӕгъгӕ.
Иудейаг паддзӕхтӕй Езекиайы размӕ дӕр ӕмӕ йӕ фӕстӕ дӕр уый хуызӕн йӕ зӕрдӕ никуы ничи дардта Дунедарӕгыл, Израилы Хуыцауыл.
Уый йын загъта: «Ӕппындӕр мацӕмӕй тӕрс, уымӕн ӕмӕ немӕ чи ис, уыдон фылдӕр сты».
Дунедарӕг Моисеймӕ Израилӕн цы фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ радта, уыдон куы ӕххӕст кӕнай, уӕд уыдзынӕ ӕнтыстджын. У фидар ӕмӕ ӕхсарджын ӕмӕ мацӕмӕй тӕрс, дӕ ныфс макуы асӕттӕд.
Хъусыс, Дунедарӕг дӕу равзӕрста Кувӕндон аразынӕн. Фидар лӕуу ӕмӕ бавнал!»
Давид ма ноджыдӕр загъта йӕ фырт Соломонӕн: «Фидар лӕуу ӕмӕ у ӕхсарджын! Араз Кувӕндон! Мацӕмӕй тӕрс, ма асӕттӕд дӕ ныфс, уымӕн ӕмӕ дыл ауды Дунедарӕг Хуыцау, мӕ Хуыцау. Уый дыл Йӕхи нӕ атигъ кӕндзӕн, нӕ дӕ ныууадздзӕн, ӕххуыс дын кӕндзӕни, цалынмӕ Дунедарӕджы хӕдзар арӕзт фӕуа, суанг уӕдмӕ.
Фӕлӕ сымах фидар лӕуут ӕмӕ уӕ ныфс ма асӕттӕд, уымӕн ӕмӕ уӕ хъуыддӕгты ныхмӕ хӕрзиуӕг райсдзыстут».
Уыцы заман зонынджын Ханани иудейаг паддзах Асамӕ ӕрбацыд ӕмӕ йын бауайдзӕф кодта: «Ды ныфсджын уыдтӕ Сирийы паддзахӕй. Дунедарӕгыл, дӕ Хуыцауыл, дӕ зӕрдӕ нӕ дардтай, ӕмӕ уый тыххӕй Сирийы паддзахы ӕфсад аирвӕзти дӕ къухӕй.
ӕмӕ уый загъта: «Ӕрбайхъусут мӕм иууылдӕр, иудейӕгтӕ, Йерусалимы цӕрджытӕ ӕмӕ паддзах Иосафат! Дунедарӕг уын афтӕ зӕгъы: уыцы ӕнӕнымӕц ӕфсӕдтӕй ма тӕрсут ӕмӕ тасы ма бацӕут. Уымӕн ӕмӕ уый сымах нӕ, фӕлӕ Хуыцауы хӕст у.
Фӕлӕ ацы хатт сымах нӕ хӕцдзыстут семӕ. Ӕнцад-иу лӕуут ӕмӕ кӕсут, Дунедарӕг уӕ куыд фервӕзын кӕндзӕн, уымӕ. Иудейӕгтӕ ӕмӕ Йерусалимы цӕрджытӕ! Ма тӕрсут ӕмӕ тасы ма бацӕут. Райсом-иу сӕ ныхмӕ хӕцынмӕ рацӕут. Дунедарӕг уыдзӕни уемӕ».
Баныхас кодтой иууылдӕр иумӕ, Йерусалимы ныхмӕ схӕцӕм ӕмӕ сӕ ныкъкъуылымпы кӕнӕм, зӕгъгӕ.
Ӕз ӕххӕст кӕндзынӕн дӕ уагӕвӕрдтӕ; бынтон мӕ ма ныууадз.
Ныфссаст чи у, дзурут сын: фидар лӕуут, мацӕмӕй тӕрсут, уӕ Хуыцау ӕрцӕуы, фыдгултӕй райсдзӕн уӕ маст, ӕрцӕуы — сӕрибар уын ратдзӕн.
Ма тӕрсут Вавилоны паддзахӕй, тасы уӕ чи ’фтауы, уымӕй, — зӕгъы Дунедарӕг, — уымӕн ӕмӕ Ӕз уемӕ дӕн ӕмӕ уӕ йӕ къухӕй фервӕзын кӕндзынӕн.
Уый мын загъта: «Ма тӕрс, Хуыцау дӕ бирӕ уарзы. Фӕрнджын у! Дӕхи фӕхъӕддых кӕн!» Цалынмӕ мемӕ дзырдта, уӕдмӕ мӕхимӕ ӕрцыдтӕн ӕмӕ загътон: «Дзур, мӕ хицау, раздӕхтай мын мӕ хъару».
Уӕд мын афтӕ зӕгъы: «Уый Дунедарӕг ахӕм хуызы Зоровавелӕн фехъусын кодта Йӕ ныхас: хъару ӕмӕ хъомысы фӕрцы нӕ, фӕлӕ Мӕ Уды руаджы, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг.
Уӕларвӕфсады Бардарӕг зӕгъы: уыцы заман алы ӕвзӕгтӕй ӕмӕ алы адӕмтӕй дӕс адӕймаджы иу иудейаджы фӕччийыл ныххӕцдзысты ӕмӕ дзурдзысты: «Мах цӕуӕм уемӕ, уымӕн ӕмӕ фехъуыстам, Хуыцау уемӕ кӕй ис, уый».
Уӕларвӕфсады Бардарӕг афтӕ зӕгъы: Уӕларвӕфсады Бардарӕгӕн Йӕ Кувӕндоны бындур ӕвӕрд цы бон ӕрцыд, аразын ӕй куы райдыдтой, уыцы бон пехуымпартӕй ацы ныхӕстӕ чи хъусы, уыдонӕн сӕ ныфс ма фӕцудӕд!
Уымӕ ма цы бафтауӕм? Кӕд Хуыцау нӕ фарс у, уӕд нӕ ныхмӕ та чи у?
Ӕппынфӕстаг, ме ’фсымӕртӕ, удвидар кӕнут Бардарӕгимӕ, Йӕ хъомыс ӕмӕ Йӕ хъаруйы фӕрцы.
Уе знӕгты ныхмӕ хӕстмӕ куы ацӕуат ӕмӕ уый бӕрц бӕхтӕ, тохуӕрдӕттӕ, уӕхицӕй бирӕ фылдӕр ӕфсад куы фенат, уӕд-иу ма фӕтӕрсут! Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, Мысырӕй уӕ Чи ракодта, Уый уемӕ ис!
Дунедарӕг бафӕдзӕхста Йешуайӕн, Нуны фыртӕн: «Ды бакӕндзынӕ израилӕгты, Ӕз сӕ фыдӕлтӕн цы бӕстӕйы тыххӕй басомы кодтон, уырдӕм. Ма фӕцуд, фидар лӕуу — Ӕз уыдзынӕн демӕ».
Уӕдӕ, мӕ хъӕбул, дӕхи фидар кӕн, Йесо Чырыстийы руаджы кӕмӕй схайджын стӕм, уыцы хорзӕхӕй.
Мӕ хуртӕ, сымах Хуыцауӕй стут ӕмӕ басастат уыцы мӕнг пехуымпарты, уымӕн ӕмӕ, уӕ зӕрдӕты Чи ис, Уый уӕлдӕр у, дунейы чи ис, уымӕй.