Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Азфыстытӕ 32:5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

5 Езекиа фӕныфсджын ис ӕмӕ ногӕй рацарӕзта сахары хӕлд быру, уый уӕлӕ та сарӕзта мӕсгуытӕ, ноджы ма быруйы ӕдде саразын кодта ӕндӕр быру дӕр. Давиды сахары бафидӕрттӕ кодта Милло, бирӕ хӕцӕнгӕрзтӕ ӕмӕ уартытӕ ӕрцӕттӕ кодта.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Азфыстытӕ 32:5
18 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Давид ӕрцарди фидары, Давиды сахар ӕй схуыдта ӕмӕ йын Миллойӕ мидӕмӕ, фидары онг, йӕ алыварс бӕстыхӕйттӕ сарӕзта.


Ныр паддзахы ныхмӕ кӕй фӕци, уымӕн та йӕ хъуыддаг уыди афтӕ. Соломон ногӕй аразын райдыдта Миллойы зылд, ӕмпъызта йӕ фыд Давиды сахары быруйы хуынкъ.


Фараоны чызг Давиды сахарӕй, Соломон ын цы галуан сарӕзта, уырдӕм куы ӕрбалыгъд, уый фӕстӕ паддзах райдыдта Миллойы зылды бӕстыхӕйттӕ аразын.


Паддзах Иоасы ныхмӕ йӕ дӕлдӕртӕ сусӕгвӕнд скодтой ӕмӕ йӕ амардтой Силламӕ фӕндагыл, Миллойы бӕстыхайы.


сахар ист ӕрцыд. Иудейаг паддзах Цедекиа ӕхсӕвы тары йӕ хӕстон адӕмимӕ лидзӕг фӕци, ӕмӕ, паддзахы дыргъдоны кӕрон сахары дыууӕ сисы астӕу цы кулдуар уыди, ууылты Иорданы дӕлвӕзмӕ раирвӕзтысты. Ныр халдейӕгты ӕфсад та лӕууыди сахары алыварс.


Роховам хъомысджын паддзах куы сси ӕмӕ йӕ паддзахы бадӕны куы ’рфидар ис, уӕд Дунедарӕджы Ӕгъдауыл йӕ зӕрдӕ сивта, ӕмӕ йемӕ ӕппӕт Израил дӕр.


Ӕвдӕм аз куы ралӕууыд, уӕд сауджын Йехода фӕныфсджын ис ӕмӕ сӕдӕйыхицӕуттимӕ бадзырд сарӕзта: Йерохамы фырт Азариа, Йохананы фырт Измаел, Оведы фырт Азариа, Адайайы фырт Маасеа ӕмӕ Зихрийы фырт Елишафатимӕ.


Израилы паддзах Йоаш Бет-Шемешы сахары цур уацары райста Иудейы паддзах Амациайы, Иоасы фырты, Иоахазы фырты фырты. Йерусалиммӕ йӕ ӕрбакодта ӕмӕ Ефремы кулдуарӕй Фисыны кулдуары онг сахары сис фехӕлдта — цыппарсӕдӕ ӕлмӕрины дӕргъӕн.


Аммонӕгтӕ Озиайӕн фыстой хъалон, ӕмӕ йӕ номы кой айхъуысти суанг Мысыры арӕнтӕм, уымӕн ӕмӕ тынг хъомысджын сси.


Уый фӕстӕ Менассиа ногӕй рацаразын кодта Давиды сахары ӕддаг быру, уыимӕ йӕ ноджы бӕрзонддӕр систа. Быру цыди Гихоны тӕрфы ныгуылӕйнаг фӕрсты ӕмӕ ахӕццӕ ис Кӕфты кулдуармӕ, стӕй дарддӕр Офелы алыварс ӕрзылди. Иудейы фидаргонд сахарты Менассиа ӕфсӕддон хицӕутты сӕвӕрдта.


Йӕхиуыл хӕцын чи нӕ зоны, уыцы адӕймаг, йӕ систӕ цы сахарӕн ныккалдысты, уый хуызӕн у.


Иудейы паддзах Цедекиа ӕмӕ сӕ йе ’фсӕддонтӕ куы федтой, уӕд лидзӕг фесты. Ӕхсӕвы, паддзахы дыргъдоны дыууӕ сисы ’хсӕн цы кулдуар уыди, ууылты рацыдысты ӕмӕ Аравӕйы ’рдӕм араст сты.


Кӕрӕдзийы нӕ хъыгдарынц, алкӕмӕн дӕр дзы ис йӕхи фӕндаг. Ӕрцытӕ сыл ӕхсынц, фӕлӕ сӕ ничи бауромдзӕн.


Шехем ӕмӕ Бет-Миллойы цӕрджытӕ, табуйаг дуры цур цы тулдз уыдис, уый раз ӕрӕмбырд сты ӕмӕ Авимелехы сӕхицӕн паддзахӕй расидтысты.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ