Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Азфыстытӕ 32:30 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

30 Езекиа Гихоны донгуырӕны ратӕдзӕн сӕхгӕдта ӕмӕ йын йӕ дон зӕххы бынты Давиды сахары ныгуылӕйнаг фарсмӕ ’рбауагъта. Йӕ алы хъуыддаджы дӕр Езекиа уыди ӕнтыстджын.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Азфыстытӕ 32:30
11 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

ӕмӕ сын уый бафӕдзӕхста: «Мӕ фырт Соломоны мын мӕ хӕргӕфсыл абадын кӕнут ӕмӕ, мӕ лӕггадгӕнджытӕ дӕр уемӕ, афтӕмӕй йӕ Гихоны доны онг бахӕццӕ кӕнут.


Сауджын Цадок, пехуымпар Натан ӕмӕ Йеходайы фырт Бенайа, стӕй керетӕгтӕ ӕмӕ пелетӕгтӕ ацыдысты, Соломоны паддзах Давиды хӕргӕфсыл сбадын кодтой ӕмӕ йӕ акодтой Гихонмӕ.


Езекиайӕн йӕ иннӕ хъуыддӕгтӕ, йе сгуыхтытӕ, цад ӕмӕ донвӕд куыд скодта ӕмӕ сахармӕ дон куыд бауагъта, уыдӕттӕ фыст ӕрцыдысты «Иудейаг паддзӕхты азфыстыты чиныджы».


Цалынмӕ Захариа ӕгас уыд ӕмӕ йӕ Хуыцауы тасыл ахуыр кодта, уӕдмӕ агуырдта Хуыцауы, ӕмӕ йын йӕ алы хъуыддаг дӕр ӕнтысти.


уӕд йӕ дӕлдӕртӕ ӕмӕ йе ’фсады хицӕуттимӕ бауынаффӕ кодта, цӕмӕй, сахары ӕдде цы донгуырӕнтӕ уыди, уыдон сыджыты бын фӕкӕной, ӕмӕ йын уыдон баххуыс кодтой.


Дзӕвгар адӕм ӕрӕмбырд ис ӕмӕ донгуырӕнтӕ иууылдӕр сыджыты бын фӕкодтой, стӕй, бӕстӕйы цы къададон калди, уый дӕр. Уыдон дзырдтой: «Ассирийы паддзӕхтӕ ардӕм ӕрбацӕудзысты, ӕмӕ сын дон парахатӕй цӕмӕн хъуамӕ ныууадзӕм?»


Уый фӕстӕ Менассиа ногӕй рацаразын кодта Давиды сахары ӕддаг быру, уыимӕ йӕ ноджы бӕрзонддӕр систа. Быру цыди Гихоны тӕрфы ныгуылӕйнаг фӕрсты ӕмӕ ахӕццӕ ис Кӕфты кулдуармӕ, стӕй дарддӕр Офелы алыварс ӕрзылди. Иудейы фидаргонд сахарты Менассиа ӕфсӕддон хицӕутты сӕвӕрдта.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ