29 Сарӕзта сахартӕ, самал кодта бирӕ лыстӕг фосы дзугтӕ ӕмӕ стурвосы рӕгъӕуттӕ. Утӕппӕт фӕллӕйттӕ йын уыдысты Хуыцауы лӕвар.
Дӕуӕй цӕуынц бӕркад ӕмӕ цыт, Ды кӕныс ӕлдариуӕг алцӕмӕн. Дӕ къухы сты хъару ӕмӕ хъомыс, Дӕу бон у алкӕй дӕр сбӕрзонд кӕнын ӕмӕ йын хъомыс раттын.
Амарди хӕрз зӕрондӕй, цардӕй дӕр, мулкӕй дӕр ӕмӕ кадӕй дӕр бафсӕсти, афтӕмӕй. Йӕ бӕсты паддзах сси йӕ фырт Соломон.
Ӕмӕ йын Дунедарӕг йӕ паддзахдзинад ӕрфидар кодта. Иудейӕгтӕ йын иууылдӕр хастой лӕвӕрттӕ, ӕмӕ Иосафат сси тынг хъӕздыг ӕмӕ номдзыд паддзах.
Амациа йын дзуапп радта: «Ӕмӕ израилаг ӕфсадӕн цы сӕдӕ таланты радтон, уыдонӕн та цы кӕнон?» Хуыцауы ӕвзӕрст лӕг ын загъта: «Дунедарӕджы бон дын у уымӕй бирӕ фылдӕр раттын».
Мӕсгуытӕ сарӕзта ӕдзӕрӕг быдыры дӕр, ноджы скъахта бирӕ донуӕттӕ, уымӕн ӕмӕ йӕм уӕлвӕзты дӕр ӕмӕ дӕлвӕзты дӕр бирӕ фос уыди. Хӕхбӕсты ӕмӕ йӕм дӕлвӕзы уыди зӕхкусджытӕ ӕмӕ сӕндонгӕстӕ, уымӕн ӕмӕ зӕххы куыст уарзта.
Ноджы сарӕзта къӕбицтӕ хор, сӕн ӕмӕ оливӕйы сойӕн. Алы мыггаг фосӕн скъӕттӕ скодта, йӕ лыстӕг фосы дзугтӕн — фосдӕттӕ.
Авд мины йӕм фыстӕ ӕмӕ сӕгътӕ уыди, ӕртӕ мины — теуатӕ, фондзсӕдӕ — сыл хӕрджытӕ, фондзсӕдӕ цӕды — галтӕ. Йӕ бирӕ фӕсдзӕуинтӕ йын йӕ хабӕрттӕ кодтой, йӕхицӕй номдзыддӕр нӕ уыди Скӕсӕны.
«Ӕнӕпайда куынӕ у Иовӕн Хуыцауы тас», — дзуапп радта уый Дунедарӕгӕн. —
Дунедарӕг Иовӕн йӕ дарддӕры царды бонтӕ раздӕры цардӕй арфӕгонддӕр скодта: цыппӕрдӕс мин сӕры йӕм фысвос фӕзынд, ӕхсӕз мины — теуатӕ, мин цӕды — галтӕ, мин сӕры — сыл хӕрджытӕ.
Дунедарӕджы арфӕ адӕймаджы схъӕздыг кӕны, ӕмӕ йемӕ сагъӕс нӕ хӕссы.
Рох уӕ ма уӕд Дунедарӕг, уӕ Хуыцау: Уый абон дӕр уӕ фыдӕлтимӕ бадзырд нӕ сайы ӕмӕ уын хъару дӕтты, цӕмӕй мулкыл фӕхӕст уат.
Дунедарӕг смӕгуыр кӕны ӕмӕ сбонджын кӕны, ӕрныллӕг кӕны ӕмӕ сбӕрзонд кӕны.