Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Азфыстытӕ 32:26 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

26 Уӕд Езекиа ӕрфӕсмон кодта, йӕхиуыл кӕй фервӕссыди, ууыл, Йерусалимы цӕрджытӕ дӕр афтӕ, ӕмӕ сӕ, цалынмӕ Езекиа ӕгас уыди, уӕдмӕ Дунедарӕг Йӕ азары хай нал бакодта.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Азфыстытӕ 32:26
14 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Зӕгъ ын: „Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: ды лӕджы амардтай ӕмӕ ма йын йӕ фыдӕлтӕй цы хай баззад, ууыл дӕр ӕрбадинаг дӕ?“ Ноджы ма йын зӕгъ: „Куыйтӕ Навоты туг кӕм сдӕрдтой, уыцы ран сдӕрдзысты дӕ туг дӕр“».


«Кӕсыс, Ахав Мӕ разы куыд ӕртасыди, уымӕ! Афтӕ кӕй бакодта, уый тыххӕй йын Ӕз йӕ мыггаг, цалынмӕ йӕхӕдӕг ӕгас у, уӕдмӕ фыдбылызы амӕттаг нӕ бакӕндзынӕн; йӕ фырт паддзах куы суа, уӕд бафтаудзынӕн фыдбылызтӕ йӕ хӕдзарыл».


Ӕз ацы сахар ӕмӕ йӕ цӕрджыты ныхмӕ цы загътон, уый куы фехъуыстай, — гӕныстон ӕмӕ ӕлгъыст сӕм ӕнхъӕлмӕ кӕй кӕсынц, — уӕд дӕ дарӕс фӕйнӕрдӕм арӕдывтай ӕмӕ дӕ цӕссыг калдтай Мӕ разы. Уый тыххӕй дӕ Ӕз дӕр фехъуыстон, — зӕгъы Дунедарӕг. —


Дунедарӕг, фӕсмон сӕм ӕрцыди, уый куы федта, уӕд пехуымпар Шемайайӕн загъта: «Кӕд сӕ азымыл басастысты, уӕд сӕ нал ныццӕгъддзынӕн, рӕхджы сӕ фервӕзын кӕндзынӕн. Йерусалимыл Мӕ маст нӕ ныккалдзынӕн, Шишакы амӕттаг ӕй нӕ бакӕндзынӕн.


Езекиа тынг хъӕздыг ӕмӕ кадджын паддзах уыди. Уый сарӕзта хӕзнадӕттӕ йе ’взист ӕмӕ йӕ сызгъӕринӕн, хӕзнадуртӕ, хӕрздӕфгӕнӕнтӕ, уартытӕ ӕмӕ алы зынаргъ дзаумайӕн.


Менассиа уынгӕг ранмӕ куы бахауд, уӕд Дунедарӕгӕн, йӕ Хуыцауӕн, лӕгъстӕ кӕнын байдыдта, йӕ фыдӕлты Хуыцауы раз тынг ӕрфӕсмон кодта.


«Хозайы чиныджы» фыст ӕрцыдысты Менассиайы куывд, Хуыцау ӕм Йӕ хъус куыд ӕрдардта, уый, йе ’рфӕсмоны размӕ йӕ тӕригъӕдтӕ ӕмӕ йӕ фыдракӕндтӕ иууылдӕр, стӕй кувӕн къуыбыртӕ, Ашерӕйы цӕджындзтӕ ӕмӕ гуымирытӕ кӕмыты скодта, уыдӕттӕ.


Йӕ фыд Менассиайы хуызӕн, Амон не ’рфӕсмон кодта Дунедарӕджы раз, фӕлӕ ма йӕ тӕригъӕдтӕ ноджы фӕфылдӕр сты.


Бардарӕджы раз ӕрныллӕг кӕнут уӕхи ӕмӕ уӕ сбӕрзонд кӕндзӕн.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ