Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Азфыстытӕ 32:22 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

22 Афтӕ Дунедарӕг фервӕзын кодта Езекиа ӕмӕ Йерусалимы цӕрджыты Ассирийы паддзах Санхерибы къухӕй. Сӕ иннӕ знӕгтӕй дӕр сӕ алырдыгӕй сӕдас кодта.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Азфыстытӕ 32:22
16 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Иудӕйы байзӕддӕгтӕй чи фервӕза, уыдон арф уидӕгтӕ ауадздзысты ӕмӕ тыллӕг ратдзысты.


ӕмӕ Дунедарӕг зӕды рарвыста. Уыцы зӕд Ассирийы паддзахӕн йӕ сахъ хӕстонтӕ, йе ’фсады хицӕуттӕ ӕмӕ йӕ фӕтӕгты се ’ппӕты дӕр ныццагъта. Ӕмӕ паддзах худинаджы гаккимӕ аздӕхти йӕ бӕстӕм. Иуахӕмы йӕ хуыцауы кувӕндонмӕ куы бацыд, уӕд ӕй уым йӕ фырттӕ кардӕй амардтой.


Дӕ алы фӕлдисонд дӕр, Дунедарӕг, кад кӕны Дӕуӕн, Дӕ сыгъдӕджытӕ Дын арфӕ кӕнӕнт.


Ахӕм у, йӕ зӕрдӕ йӕхиуыл чи дары, уыдоны хъысмӕт, стӕй, сӕ фӕдыл цӕуын чи уарзы, уыдоны кӕрон.


Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг нӕ Тӕрхонгӕнӕг у, нӕ Уагӕвӕрӕг, нӕ Паддзах! Фыдгулӕй нӕ бахиздзӕн.


Уӕдӕй фӕстӕмӕ Ӕз, Дунедарӕг, ӕдзухдӕр цӕудзынӕн уӕ разӕй. Сыгъд быдыры-иу уӕ бафсаддзынӕн, дӕтдзынӕн уын хъару. Ӕмӕ уӕд суыдзыстут донӕфсӕст дыргъдон ӕмӕ ӕнӕбайсысгӕ суадонау.


Иудӕйы байзӕддаг та хатыргонд уыдзысты, ӕмӕ сӕ Ӕз фервӕзын кӕндзынӕн — кард, ӕрдын, хӕст, бӕхтӕ ӕмӕ барджыты фӕрцы нӕ, фӕлӕ Дунедарӕджы, сӕ Хуыцауы, хъаруйӕ».


Ӕцӕгады Уд куы ’рцӕуа, уӕд уын ӕцӕгад раргом кӕндзӕн ӕххӕстӕй. Уымӕн ӕмӕ Йӕхи номӕй нӕ дзурдзӕн, фӕлӕ, цы фехъуса, уый дзурдзӕни ӕмӕ уын, фидӕны цы уыдзӕн, уый фехъусын кӕндзӕн.


Бардарӕг уын уӕ зӕрдӕтӕ саразӕд Хуыцауы уарзтмӕ ӕмӕ Чырыстийау фӕразонмӕ.


Афтӕмӕй Дунедарӕг уыцы бон Израилӕн радта уӕлахиз. Хӕсты цӕхӕр анхъӕвзта суанг Бет-Авены фалемӕ.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ