Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Азфыстытӕ 32:19 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

19 Уыдон Йерусалимы Хуыцауы барстой иннӕ адӕмты хуыцӕуттыл, адӕймаджы къухӕй конд хуыцаугӕндтыл.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Азфыстытӕ 32:19
31 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Израилы паддзахмӕ ӕрбацыди Хуыцауы минӕвар ӕмӕ йын загъта: «Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: сириӕгтӕ афтӕ кӕй дзурынц, Дунедарӕг быдырты Хуыцау нӕу, фӕлӕ хӕхбӕсты Хуыцау у, зӕгъгӕ, уый тыххӕй сын се ’нӕнымӕц бардз ратдзынӕн уӕ къухтӕм, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ базондзыстут, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый».


басыгътой сын сӕ хуыцӕутты. Фӕлӕ уыдон уыдысты хуыцӕуттӕ нӕ, фӕлӕ адӕймаджы къухӕй конд хъӕдтӕ ӕмӕ дуртӕ, ӕмӕ сӕ уымӕн бабын кодтой.


Фӕлӕ паддзах Езекиа ӕмӕ пехуымпар Исайа, Амоцы фырт, ӕххуысагур сдзынӕзтой уӕларвмӕ,


Фӕлӕ ныр Ӕз равзӕрстон Йерусалим, цӕмӕй дзы цӕра Мӕ ном, ӕмӕ сӕвзӕрстон Давиды, цӕмӕй ӕрлӕууа Мӕ адӕмы, Израилы сӕргъы“.


Уӕдӕ цы дзуапп раттын хъӕуы ацы адӕмы минӕвӕрттӕн? Уыдонӕн зӕгъын хъӕуы, Сион сфидар кодта Дунедарӕг, ӕмӕ дзы Йӕ адӕмы мӕгуыртӕ сӕ сӕртӕ бафснайдзысты, зӕгъгӕ».


Сӕ зӕхх байдзаг ис гуымирытӕй; табу кӕнынц, сӕхи къухӕй кӕй фӕцарӕзтой, уыдонӕн.


басыгътой сын сӕ хуыцӕутты. Фӕлӕ уыдон хуыцӕуттӕ нӕ уыдысты. Адӕймаг сӕ хъӕд ӕмӕ дурӕй скодта, ӕмӕ ассириӕгты бон уымӕн баци сӕ ныппырх кӕнын.


Сӕ фыдракӕндты аххосӕй сын Ӕз цы тӕрхон рахастон, уый сын фехъусын кӕндзынӕн: ферох Мӕ кодтой, ӕцӕгӕлон хуыцӕуттӕн буд сыгътой ӕмӕ сӕхи къухӕй конд гуымирытӕм куывтой.


Уымӕн ӕмӕ адӕмтӕн ис ницӕйаг ӕгъдӕуттӕ: хъӕды акалынц бӕлас, хъӕддӕсны йӕ бабӕстон кӕны фӕрӕтӕй,


Таршишӕй сласынц ӕвзист, Уфазӕй — сыгъзӕрин. Згъӕртайынгӕнӕг ӕмӕ нывгӕнӕг сӕ бабӕстон кӕнынц, сӕ уӕлӕ сын скӕнынц сӕнт сырх хъуымацӕй дарӕс, сфӕлындынц сӕ гиацинтӕй, се ’ппӕт дӕр — ӕрмдӕсныты куыст.


Уымӕн ӕмӕ Иудей ӕмӕ Израилы фырттӕ се ’взонджы бонтӕй абонмӕ Мӕ разы ӕрмӕст фыдракӕндтӕ кодтой, сӕ хъуыддӕгтӕй Мӕ ӕрмӕстдӕр мӕсты кодтой, — зӕгъы Дунедарӕг. —


Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: „Моав ӕмӕ Сеир фидистӕгӕнгӕ афтӕ кӕй дзурынц, иудейӕгтӕ дӕр иннӕ адӕмтӕй ницӕмӕй хуыздӕр сты, зӕгъгӕ,


Уӕхицӕй ӕппӕлыдыстут Мӕ разы, уе ’взӕгтӕ суагътат Мӕ ныхмӕ. Ӕз алцыдӕр фехъуыстон.


„Ӕлгъыст фӕуӕд, Дунедарӕгӕн ӕлгъаг чи у, ахӕм гуымиры чи сараза, ӕрмдӕсныйы конд гуымиры сусӕгӕй чи сӕвӕра, уый!“ Адӕм та иууылдӕр иумӕ зӕгъӕнт: „Аммен!“


Лӕггад кӕндзыстут уым адӕймаджы къухӕй конд дурын ӕмӕ хъӕдын хуыцӕуттӕн, уынгӕ дӕр ӕмӕ хъусгӕ дӕр, хӕргӕ дӕр ӕмӕ ӕмбудгӕ дӕр чи нӕ кӕны, уыдонӕн.


Сымах та ӕрцыдыстут Сионы хохмӕ ӕмӕ цардӕгас Хуыцауы сахармӕ — уӕларвон Йерусалиммӕ, ӕнӕнымӕц зӕдты цины ӕмбырдмӕ,


Домбайы дӕр ӕмӕ-иу арсы дӕр амардта дӕ цагъар, ӕмӕ ацы ӕнӕсунӕт филистимаг дӕр ахӕрдзӕн уыдоны хал, уымӕн ӕмӕ фидис кӕны удӕгас Хуыцауы ӕфсадӕн».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ