Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Азфыстытӕ 32:17 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

17 Санхериб фыстӕджытӕ дӕр ныффыста ӕмӕ уыдоны цъыф калдта Дунедарӕгыл, Израилы Хуыцауыл, афтӕ дзырдта йӕ ныхмӕ: «Ацы зӕххы адӕмты хуыцӕуттӕй никӕмӕн бантыст йӕ адӕмы мӕ азарӕй бахизын, ӕмӕ Езекиайы Хуыцау дӕр Йӕ адӕмы мӕ къухӕй нӕ фервӕзын кӕндзӕн».

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Азфыстытӕ 32:17
16 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Ды куы зоныс, Ассирийы паддзӕхтӕ ӕппӕт бӕстӕтӕн цытӕ бакодтой ӕмӕ сӕ куыд бабын кодтой, уыдӕттӕ. Ау, уӕд ды фервӕздзынӕ?


Ау, иннӕ адӕмты сӕ хуыцӕуттӕ фервӕзын кодтой? Мӕ фыдӕлтӕ ныццагътой Гозан, Харан ӕмӕ Рецефы цӕрӕг адӕмты, стӕй Едены цӕрджыты, Телассары чи цардис, уыдоны.


Езекиа минӕвӕртты къухӕй фыстӕг райста ӕмӕ йӕ бакасти. Уый фӕстӕ Дунедарӕджы Кувӕндонмӕ бацыд ӕмӕ фыстӕг Дунедарӕджы раз райхӕлдта.


Кӕй фауыс ды, фидистӕ кӕмӕн кӕныс? Кӕуыл хъӕр кӕныс, кӕмӕ кӕсыс сӕрбӕрзондӕй? Израилы Уаз Хуыцаумӕ!


Мӕ ныхмӕ кӕй рацыдтӕ, стӕй Мӕм де ’нӕнымӕц ӕфсӕдты уынӕр кӕй сыхъуыст, уый тыххӕй дын Ӕз дӕ фындзыл бакӕндзынӕн цӕг, дӕ дзыхы та — уидоны къӕбӕлтӕ ӕмӕ, кӕуылты ӕрбацыдтӕ, ууылты дӕ фӕстӕмӕ аздахдзынӕн.


Санхерибӕн фехъусын кодтой, Эфиопийы паддзах Тирхака дӕ ныхмӕ рацыди, зӕгъгӕ. Ӕмӕ иудейаг паддзах Езекиамӕ ногӕй арвыста йӕ минӕвӕртты:


Уӕдӕ сымах дӕр уӕ Хуыцау куыд фервӕзын кӕндзӕн мӕ къухӕй?


Санхерибы минӕвӕрттӕ ма ноджы бирӕ цыдӕртӕ фӕдзырдтой Дунедарӕг Хуыцау ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнӕг Езекиайы ныхмӕ.


Уӕд мӕм Санбаллат фӕндзӕм хатт ӕрбарвыста йӕ лӕггадгӕнӕджы, йӕ къухы — гом фыстӕг.


Фӕрӕт куыд хъуамӕ раппӕла йӕхицӕй, архайгӕ дзы чи кӕны, уый раз? Науӕд хырх сӕрбӕрзондӕй куыд хъуамӕ кӕса, хырхгӕ дзы чи кӕны, уымӕ? Лӕдзӕг, йӕ къухмӕ йӕ чи райсы, уыцы адӕймаджы ныттилдзӕни, мыййаг? Къобола лӕдзӕг, хъӕдӕй конд чи нӕу, уыцы цардуды хӕрдмӕ сисдзӕн?


Езекиа минӕвӕртты къухӕй фыстӕг райста ӕмӕ йӕ бакаст. Уый фӕстӕ Дунедарӕджы хӕдзармӕ бацыд ӕмӕ йӕ Дунедарӕджы раз райхӕлдта.


Сырд байгом кодта йӕ дзых Хуыцауы рафауынмӕ, фаудта Йын Йӕ ном, Йӕ цӕрӕн бынат ӕмӕ уӕларвон цӕрджыты.


Давид йӕ цуры лӕуджыты бафарста: «Уыцы филистимаджы чи амара ӕмӕ Израилы фидистӕй чи бахиза, уымӕн цавӕр хорзы бацыдӕуыдзӕн? Чи у, чи, уыцы ӕнӕсунӕт филистимаг, цы фидистӕ кӕны удӕгас Хуыцауы ӕфсадӕн?»


Домбайы дӕр ӕмӕ-иу арсы дӕр амардта дӕ цагъар, ӕмӕ ацы ӕнӕсунӕт филистимаг дӕр ахӕрдзӕн уыдоны хал, уымӕн ӕмӕ фидис кӕны удӕгас Хуыцауы ӕфсадӕн».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ