16 Санхерибы минӕвӕрттӕ ма ноджы бирӕ цыдӕртӕ фӕдзырдтой Дунедарӕг Хуыцау ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнӕг Езекиайы ныхмӕ.
Езекиа уӕ ма асайӕд, уӕ фӕндаг уын ма ныссуйтӕ кӕнӕд, ма йыл ӕууӕндут! Иу адӕммӕ дӕр ӕмӕ иу паддзахады дӕр ахӕм хуыцау никуы уыди, йӕ адӕмы мӕнӕй кӕнӕ мӕ фыдӕлты къухӕй чи фервӕзын кӕна! Уӕдӕ сымах дӕр уӕ Хуыцау мӕ къухӕй нӕ фервӕзын кӕндзӕн!»
Санхериб фыстӕджытӕ дӕр ныффыста ӕмӕ уыдоны цъыф калдта Дунедарӕгыл, Израилы Хуыцауыл, афтӕ дзырдта йӕ ныхмӕ: «Ацы зӕххы адӕмты хуыцӕуттӕй никӕмӕн бантыст йӕ адӕмы мӕ азарӕй бахизын, ӕмӕ Езекиайы Хуыцау дӕр Йӕ адӕмы мӕ къухӕй нӕ фервӕзын кӕндзӕн».
Ӕвдисӕйнӕгтӕ нал уынӕм, пехуымпар нал ис, кӕд уыдзӕн адӕттӕн кӕрон, уый махӕй иунӕг дӕр нӕ зоны.
Афтӕ уын кӕндзысты Мӕ номы тыххӕй, уымӕн ӕмӕ Мӕ Рарвитӕджы нӕ зонынц.