Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Азфыстытӕ 32:15 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

15 Езекиа уӕ ма асайӕд, уӕ фӕндаг уын ма ныссуйтӕ кӕнӕд, ма йыл ӕууӕндут! Иу адӕммӕ дӕр ӕмӕ иу паддзахады дӕр ахӕм хуыцау никуы уыди, йӕ адӕмы мӕнӕй кӕнӕ мӕ фыдӕлты къухӕй чи фервӕзын кӕна! Уӕдӕ сымах дӕр уӕ Хуыцау мӕ къухӕй нӕ фервӕзын кӕндзӕн!»

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Азфыстытӕ 32:15
14 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Уый Йын дзуапп радта: „Ӕз йе ’ппӕт пехуымпарты дзыхы фӕливӕг мон фестдзынӕн“. Ӕмӕ йын уӕд Дунедарӕг загъта, цу ӕмӕ, куыд зӕгъыс, афтӕ бакӕн, самидин кӕнын дын ӕй бантысдзӕни, зӕгъгӕ.


Афтӕ зӕгъы паддзах: Езекиа уӕ ма фӕрӕдийын кӕнӕд! Сымах фервӕзын кӕныны хъомыс ӕм нӕй.


«Иудейы паддзах Езекиайӕн фехъусын кӕнут: „Дӕ зӕрдӕ Кӕуыл дарыс, уыцы Хуыцау дӕ ма асайӕд, Йерусалим Ассирийы паддзахы къухтӕм нӕ бахаудзӕн, зӕгъгӕ дын кӕй зӕгъы, уымӕй.


Ау, Езекиа уӕ сайгӕ нӕ кӕны, сыдӕй ӕмӕ уӕ дойныйӕ амарынмӕ нӕ хъавы, афтӕ уын кӕй дзуры, уымӕй: „Дунедарӕг, нӕ Хуыцау, мах ассириаг паддзахы къухӕй фервӕзын кӕндзӕн“?


Санхерибы минӕвӕрттӕ ма ноджы бирӕ цыдӕртӕ фӕдзырдтой Дунедарӕг Хуыцау ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнӕг Езекиайы ныхмӕ.


Фараон загъта: «Ӕз сымах уӕ сабитимӕ куыд ауадздзынӕн, афтӕ уӕ Дунедарӕг дӕр хъахъхъӕнӕд! Бӕлвырд, цыдӕр фыдвӕнд скодтат!


Фӕлӕ сын фараон загъта: «Чи у уыцы Дунедарӕг ӕмӕ Йӕм цӕмӕн хъуамӕ байхъусон? Ӕз Дунедарӕджы нӕ зонын ӕмӕ израилӕгты нӕ ауадздзынӕн».


Ӕрмӕст уӕ ма фӕрӕдийын кӕнӕд Езекиа, ма дзурӕд, Дунедарӕг нӕ фервӕзын кӕндзӕни, зӕгъгӕ. Адӕмты хуыцӕуттӕй искӕмӕн бантыст йӕ адӕмы Ассирийы паддзахы азарӕй бахизын?


Уӕхицӕй ӕппӕлыдыстут Мӕ разы, уе ’взӕгтӕ суагътат Мӕ ныхмӕ. Ӕз алцыдӕр фехъуыстон.


Уӕдӕ афтӕ: куыддӕр сыкъауадындз, удӕвдз, далафӕндыр, дыууадӕстӕнон, лалымуадындз ӕмӕ ӕндӕр алыхуызон уадынгӕрзты зӕлтӕ фехъусат, афтӕ зӕххыл ныддӕлгом ут ӕмӕ, кӕй саразын кодтон, уыцы гуымирымӕ бакувут. Куынӕ йӕм бакуват, уӕд уайсахат пецы цырен арты ӕппӕрст ӕрцӕудзыстут, ӕмӕ уӕ мӕ азарӕй иу хуыцау дӕр нӕ фервӕзын кӕндзӕн!»


Суанг ӕфсады Фӕтӕджы ныхмӕ дӕр сыстади. Ӕрвылбон Ын нывӕндтӕ нал хастой, ӕмӕ Йӕ Кувӕндон ныззаууат ис.


Афтӕмӕй та уынут ӕмӕ хъусут, ӕрмӕст Эфесы нӕ, фӕлӕ ӕппӕт Азийы дӕр уыцы Павел кӕй асайдта бирӕ адӕмы — баууӕндын сӕ кодта, адӕймаджы къухтӕ кӕй сарӕзтой, уыдон хуыцӕуттӕ не сты, зӕгъгӕ.


Ӕз абон адӕмы хорзӕхмӕ тырнын ӕви Хуыцауы? Мыййаг, адӕмы зӕрдӕ балхӕныныл архайын? Абон дӕр ма ӕз адӕмы зӕрдӕ балхӕныныл куы архаин, уӕд Чырыстийы цагъар нӕ уаин.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ