Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Азфыстытӕ 32:13 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

13 Ау, ӕмӕ йӕ уӕхӕдӕг нӕ зонут, ӕз ӕмӕ мӕ фыдӕлтӕ алы бӕстӕты адӕмтӕн цытӕ бакодтам, уый? Ӕмӕ дзы сӕ хуыцӕуттӕй кӕцыйӕн бантыст сӕ зӕххытӕ мӕ къухӕй фервӕзын кӕнын?

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Азфыстытӕ 32:13
20 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Израилы паддзах Фекахы заман Израилмӕ ӕрбабырста Тиглат-Пилесер, Ассирийы паддзах. Бацахста сахартӕ Ийон, Авел-Бет-Мааха, Йаноах, Кедеш ӕмӕ Хацор; Галаад ӕмӕ Галилейы зӕххытӕ, стӕй Неффалимы хӕдзарвӕндаджы зӕхх иууылдӕр. Сӕ цӕрджытӕ хаст ӕрцыдысты Ассиримӕ.


Уӕдӕ сымах дӕр уӕ Хуыцау куыд фервӕзын кӕндзӕн мӕ къухӕй?


Уыдон Йерусалимы Хуыцауы барстой иннӕ адӕмты хуыцӕуттыл, адӕймаджы къухӕй конд хуыцаугӕндтыл.


Адӕмтӕн ратӕлӕт кодтон сӕ исбон, мӕргъты ахстӕттӕ сафтидгӕнӕгау; уагъд ӕйчытау ӕз ӕппӕт зӕххытӕ байстон, ӕмӕ мыл ничи йӕ базыр сцагъта, ничи йӕ дзых фӕхӕлиу кодта, ничи мыл цъиу-цъиу скодта».


Фӕлӕ Йаковӕн ӕндӕр уыдзӕн йӕ хъысмӕт. Ӕппӕтдӕр Чи сфӕлдыста, Уый — йӕ Хуыцау, израилӕгтӕ — Йӕ исбон ӕмӕ Йӕ адӕм, Йӕ ном — Уӕларвӕфсады Бардарӕг.


Уайсахат ӕппӕт уыдӕттӕ Навуходоносорыл ӕрцыдысты. Адӕмы ’хсӕнӕй тард ӕрцыди, галау кӕрдӕг хордта ӕмӕ ӕрвон ӕртӕхӕй йӕхи ӕхсадта. Йӕ сӕрыхъуынтӕ цӕргӕсы систау разадысты, йӕ ныхтӕ та уыдысты маргъы ныхтау.


Хуыцауы фӕрцы ахӕм хъомысджын сси, ӕмӕ ӕппӕт адӕмтӕ, алы ’взӕгтыл дзурджытӕ ӕмӕ адӕмыхӕттытӕ фыр тӕссӕй йӕ разы рызтызты. Марын ӕй кӕй фӕндыд, уый-иу амарын кодта, кӕй йӕ фӕндыд, уый та-иу удӕгасӕй ныууагъта. Кӕй-иу уӕлӕрвтӕм систа, кӕй та-иу ӕгады бынаты сӕвӕрдта.


Афтӕмӕй та уынут ӕмӕ хъусут, ӕрмӕст Эфесы нӕ, фӕлӕ ӕппӕт Азийы дӕр уыцы Павел кӕй асайдта бирӕ адӕмы — баууӕндын сӕ кодта, адӕймаджы къухтӕ кӕй сарӕзтой, уыдон хуыцӕуттӕ не сты, зӕгъгӕ.


Уӕдӕ мӕнгхуыцӕуттӕн хаст нывӕндтӕй хӕрыны тыххӕй мах зонӕм: мӕнгхуыцау дунейы ницы у, иунӕг Хуыцау йеддӕмӕ ӕндӕр Хуыцау нӕй.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ