Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Азфыстытӕ 32:1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Езекиа, Дунедарӕгыл иузӕрдион уӕвгӕйӕ, цы хъуыддӕгтӕ сарӕзта, уыдоны фӕстӕ Ассирийы паддзах Санхериб бабырста Иудеймӕ ӕмӕ бырутӕй ӕхгӕд сахартыл ӕрхъула кодта, цӕмӕй сӕ бацахса.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Азфыстытӕ 32:1
16 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Израилы зӕхмӕ ӕрбабырста Ассирийы паддзах Пул, ӕмӕ йын Менахем радта ӕвзисты мин таланты, кӕд мӕ фарс рахӕцид ӕмӕ мӕ паддзахдзинад ӕрфидар уаид, зӕгъгӕ.


Осиайы паддзахиуӕджы фарӕстӕм аз, бацахста. Израилы адӕмы атардта Ассиримӕ ӕмӕ сӕ уым ӕрцӕрын кодта Халахы зӕххыл, Гозаны зӕххыл Хаворы доны былгӕрӕтты, стӕй Мидийы сахарты.


Израилы адӕмы атардта Ассиримӕ ӕмӕ сӕ уым ӕрцӕрын кодта Халахы зӕххыл, Гозаны зӕххыл Хаворы доны былгӕрӕтты, стӕй Мидийы сахарты.


О Дунедарӕг, нӕ Хуыцау, фервӕзын нӕ кӕн знагӕй! Уадз ӕмӕ ӕппӕт зӕххон паддзахӕдтӕ дӕр базоной, Ды, Дунедарӕг, иунӕг Хуыцау кӕй дӕ, уый».


Езекиа куы фехъуыста, Санхериб кӕй ӕрбабырста ӕмӕ Йерусалимы ныхмӕ схӕцынмӕ кӕй хъавы, уый,


Иосиа Дунедарӕджы Кувӕндоны уаз куыстӕн уаг ӕмӕ ӕгъдау куы сӕвӕрдта, уый фӕстӕ Мысыры паддзах Нехо хӕстмӕ рацыди Каркемишы ныхмӕ, Евфраты ’рдӕм, ӕмӕ Иосиа йе ’фсадимӕ рацыди йӕ ныхмӕ.


Фыдгул ма Новы сахары фӕуыдзӕнис иу бон. Уырдыгӕй ӕртхъирӕн кӕндзӕни Сионы хохмӕ, Йерусалимы бӕрзӕндмӕ.


Езекиайы паддзахдзинады цыппӕрдӕсӕм аз Ассирийы паддзах Санхериб Иудейы фидар сахарты ныхмӕ хӕцынмӕ ралӕууыд ӕмӕ сӕ бацахста.


Ӕмӕ уӕд фӕстӕмӕ аздӕхт Ассирийы паддзах Санхериб ӕмӕ баззади Ниневийы.


Мысырмӕ сын аздӕхӕн нал ис, фӕлӕ Ассири суыдзӕни сӕ паддзах, уымӕн ӕмӕ сӕхи атигъ кодтой Мӕныл.


Цӕлхдуртӕ пырхгӕнӕг ацӕудзӕни сӕ разӕй, ӕмӕ, сӕ фӕндагыл цы бырутӕ уа, уыдон ныппырх кӕндзысты, кулдуары уылты ахиздзысты ӕмӕ фӕстӕмӕ дӕр рацӕудзысты. Сӕ паддзах сӕ разӕй цӕудзӕн, сӕ сӕргъы та уыдзӕни Дунедарӕг.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ