9 Езекиа сауджынтӕ ӕмӕ левитты бафарста, утӕппӕт кӕритӕ кӕцӕй сты, зӕгъгӕ,
ӕмӕ йын алчер Азариа, Цадокы байзӕддаг, дзуапп радта: «Дунедарӕджы Кувӕндонмӕ хуынтӕ хӕссын куы райдыдтой, уӕдӕй нырмӕ хӕрдхъуаг никуы уыдыстӕм, стӕй дзы тынг бирӕ баззади, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг Йӕ адӕмӕн арфӕ ракодта. Уый бӕрц бӕркад нӕм уымӕн ӕрӕмбырд ис».
Езекиа ӕмӕ йӕ барджынтӕ куы ’рбацыдысты ӕмӕ уыцы кӕритӕ куы федтой, уӕд арфӕ ракодтой Дунедарӕгӕн ӕмӕ Йӕ адӕм Израилӕн.
Чырынхӕссӕг сауджынтӕ куыддӕр Иорданы донмӕ бахизой, афтӕ-иу сӕ ӕрлӕууын кӕн».