Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Азфыстытӕ 31:5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

5 Адӕмӕн уыцы бардзырд куы фехъусын кодтой, уӕд израилӕгтӕ сӕ тыллӕджы сӕртӕй бирӕ хуынтӕ ӕрбахастой: хор, сӕн, оливӕйы сой, мыд, хуымты алы бӕркад — алцӕмӕн дӕр йӕ дӕсӕймаг хай.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Азфыстытӕ 31:5
22 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Уыцы бон, хоры сӕртӕ ӕмӕ дӕсӕймаг хӕйттӕ кӕдӕм хӕсгӕ уыдысты, уыцы къӕбицты цур сӕрмагонд лӕгтӕ лӕууыд, цӕмӕй, ӕгъдаумӕ гӕсгӕ сауджынтӕ ӕмӕ левиттӕн цы хӕйттӕ ’мбӕлы, уыдон сахары алыварс цӕрӕг зӕхкусджытӕй ӕмбырд кӕной. Уымӕн ӕмӕ иудейӕгтӕ цин кодтой сауджынты ӕмӕ левитты уазлӕггадыл.


Уыйадыл иудейӕгтӕ иууылдӕр хор, сӕн ӕмӕ сойы дӕсӕймаг хӕйттӕ къӕбицтӕм хӕссын райдыдтой.


Батыхстӕн, цӕмӕй суг дӕр афоныл уа ӕмӕ хоры сӕртӕ дӕр. Ма мӕ рох кӕн, о мӕ Хуыцау, хорз мын ракӕн!


Дӕ хоры сӕртӕ ӕмӕ Мын дӕ сӕны хуыздӕр хӕссынмӕ фӕстиат ма кӕн. Уӕ фырттӕй хистӕр зӕнӕг чи уа, уый дӕттут Мӕнӕн.


Дӕ хуымы хоры сӕртӕ-иу ӕрбахӕсс дӕ Хуыцауы — Дунедарӕджы хӕдзармӕ. Сӕныччы йӕ мады ӕхсыры ма фыц.


Бӕрӕг кӕнут Къуыриты бӕрӕгбон дӕр — уӕ хуымты цы мӕнӕу байтыдтат, уымӕн йӕ фыццаг тыллӕджы бӕрӕгбон. Афӕдзы кӕрон бӕрӕг кӕнут Тыллӕгӕфснайӕн.


Дӕ хуымы хоры сӕртӕ хӕсс Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы, хӕдзармӕ. Сӕныччы йӕ мады ӕхсыры ма фыц».


Дунедарӕгӕн ӕрӕмбырд кӕнут мысайнӕгтӕ. Алчидӕр уӕ, йӕ зӕрдӕ куыд зӕгъы, афтӕ Йын ӕрбахӕссӕд сыгъзӕрин, ӕвзист ӕмӕ ӕрхуы,


Дӕ исбонӕй ӕмӕ дӕ алы ’фтиаджы сӕрӕй Дунедарӕгӕн кад кӕн кӕддӕриддӕр,


Зӕхх цы тыллӕг дӕтты — хор уа ӕви бӕлӕсты дыргътӕ уой — алцӕмӕн дӕр йӕ дӕсӕймаг хай у Дунедарӕджы исбон — иууылуаз.


Дунедарӕгӕн хаст сой, сӕн ӕмӕ хоры хуыздӕртӕ — ног тыллӕджы сӕртӕ — Ӕз дӕттын дӕуӕн.


Дунедарӕгӕн хаст тыллӕджы сӕртӕ иууылдӕр дӕу сты. Дӕ бинонтӕй сыгъдӕг чи у, уыдонӕй дзы алкӕмӕн дӕр хӕрыны бар ис.


Дунедарӕг загъта Ааронӕн: «Ӕз дын дӕ бар кӕнын, израилӕгтӕй Мӕм цыдӕриддӕр лӕвӕрттӕ ӕмӕ уаз хуынтӕ цӕуа, уыдон. Дӕу ӕмӕ сӕ дӕ байзӕддӕгты хай кӕнын мыггагмӕйы уагӕвӕрдӕй.


Стӕй ӕрмӕст дуне нӕ, фӕлӕ мах дӕр — Сыгъдӕг Удӕн Йӕ фыццаг дыргътӕй чи схайджын ис, уыдон, нӕхӕдӕг дӕр хъӕрзӕм ӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, Хуыцау нӕ Йӕ хъӕбултау кӕд айсдзӕн ӕмӕ нӕ буар мӕлӕтӕй кӕд фервӕздзӕнис, уымӕ.


Фӕлӕ Чырысти мӕрдтӕй райгас — чи амарди, уыдонӕй фыццаг Уый райгас.


Йӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ нын радта ног цард — ӕцӕгады ныхасы руаджы нӕ скодта Йӕ хъӕбултӕ. Кӕй сфӕлдыста, уыдонӕй мах хоры сӕрау рахицӕн кодта Йӕхицӕн.


Уыдон сӕхи нӕ фӕчъизи кодтой сылгоймӕгтӕй, уымӕн ӕмӕ сылгоймаджы хъӕстӕ нӕ фесты. Уӕрыкк кӕдӕм цӕуы, уыдон дӕр уырдӕм цӕуынц Йӕ фӕдыл. Уыдоны балхӕдӕуыд адӕмы ’хсӕнӕй ӕмӕ сӕ Хуыцауӕн ӕмӕ Уӕрыккӕн снывонд чындӕуыд хоры сӕрау.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ