Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Азфыстытӕ 31:4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

4 Йерусалимы цӕрджытӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй сауджынтӕ ӕмӕ левиттӕн сӕ хай дӕттой, ӕмӕ уыдонӕн сӕ бон уа Дунедарӕджы Ӕгъдау ӕххӕст кӕнынӕн сӕхи снывонд кӕнын.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Азфыстытӕ 31:4
12 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Уымӕй уӕлдай, сӕ хӕйттӕ уӕрстой, сауджынты хӕдзарвӕндӕгты номхыгъдты фыст чи ӕрцыд, ӕртӕ азы ӕмӕ уымӕй уӕлӕмӕ кӕуыл цыди, уыдонӕн се ’ппӕтӕн — Дунедарӕджы Кувӕндонмӕ се ’рвылбоны уаз куысты рады чи цыди, сӕ къордтӕм ӕмӕ сӕ хӕстӕм гӕсгӕ, уыдонӕй алкӕмӕн дӕр.


Уӕ фыццаг дыргъты хуыздӕртӕ ӕмӕ уӕ алы хуынтӕ, цавӕрфӕнды уой, уӕддӕр, сты сауджынты хай. Уӕ хоры сӕрты ссадӕй цы сфыцат, уый дӕр-иу раттут сауджынӕн, ӕмӕ арфӕгонд уыдзысты уӕ хӕдзӕрттӕ.


Сауджыны дзыхӕй хъуамӕ, Хуыцауы базонынӕн пайда цы у, уыдӕттӕ хъуысой, йӕ ныхӕсты йын Хуыцауы Ӕгъдау агурынц, уымӕн ӕмӕ уый Уӕларвӕфсады Бардарӕджы минӕвар у.


Хуыцауы ныхас кӕмӕн амындӕуы, уый йӕ цавӕрфӕнды исбонӕй дӕр хай кӕнӕд ахуыргӕнӕгӕн.


уӕд ын уыдонимӕ ӕмхуызон хай ис, йӕ фыды бынтӕ йын цӕрынваг куы кӕной, уӕд дӕр.


Сауджынтӕ чи свӕййы, Левийы уыцы байзӕддагӕн Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ ис адӕмӕй, ома се ’фсымӕртӕй, дӕсӕймаг хай ӕмбырд кӕныны бар, кӕд се ’фсымӕртӕ дӕр Авраамы байзӕддаг сты, уӕддӕр.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ