Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Азфыстытӕ 31:3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

3 Паддзах йӕ исбонӕй рахицӕн кодта райсомы ӕмӕ изӕры иууылсудзинӕгтӕн, стӕй сабӕттӕ, мӕйногтӕ ӕмӕ иннӕ бӕрӕгбӕтты иууылсудзинӕгтӕн дӕр, Дунедарӕджы Ӕгъдауы куыд фыст ис, афтӕ.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Азфыстытӕ 31:3
13 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Ацы Шеломот ӕмӕ йе ’фсымӕртӕ сӕ цӕст дардтой, паддзах Давид, мыггӕгты хистӕртӕ, миныхицӕуттӕ, сӕдӕйыхицӕуттӕ ӕмӕ ӕфсады хицӕуттӕ кӕй рауӕлдай кодтой, уыцы ӕппӕт уаз хӕзнатӕм.


Уымӕн ӕмӕ ма сын Иудейы паддзах Езекиа мин галы раттын кодта, авд мины та — лыстӕг фос. Барджынтӕ дӕр сын мин галы рахицӕн кодтой, дӕс мины та — лыстӕг фос. Сауджынтӕй дӕр ма бирӕтӕ сӕхи ссыгъдӕг кодтой.


Паддзах Иосиа, адӕмӕй уым чи уыди, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр Куадзӕны номыл йӕ исбонӕй рауӕлдай кодта дӕс ӕмӕ ссӕдз мин уӕрыччы ӕмӕ сӕныччы, стӕй ӕртӕ мин стуры.


Уымӕн та йӕ хӕс у адӕмы ифтонг кӕнын иууылсудзинӕгтӕй, хойраджы хуынтӕй ӕмӕ сӕнӕй — сабӕттӕ, мӕйногтӕ ӕмӕ иннӕ бӕрӕгбӕтты заман, Израилы адӕмы ӕппӕт бӕрӕгбӕтты заман, цӕмӕй-иу Израилы адӕм сӕхи ссыгъдӕг кӕныны тыххӕй хӕссой тӕригъӕды нывӕндтӕ, хойраджы хуынтӕ, иууылсудзинӕгтӕ ӕмӕ фидыды нывӕндтӕ».


Дунедарӕг Моисейӕн загъта:


Ӕхсӕзӕм бон — аст уӕныджы, дыууӕ фыры, цыппӕрдӕс фыргуисты, ӕнӕсахъат куыд уой, афтӕ.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ