Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Азфыстытӕ 31:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

2 Езекиа скодта сауджынтӕ ӕмӕ левитты уаз куысты рад, кӕмӕ дзы цы хӕс хауди, уымӕ гӕсгӕ, цӕмӕй иууылсудзинӕгтӕ ӕмӕ фидыды нывӕндтӕ хӕссой, уаз куыст кӕной, арфӕ ӕмӕ кады зарджытӕй Дунедарӕджы стауой асадӕны кулдуары раз.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Азфыстытӕ 31:2
23 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Дунедарӕджы Фидыды Чырыны раз Давид ӕрвылбоны лӕггадгӕнджытӕ скодта Асафы ӕмӕ уымӕн йе ’рвад-ӕфсымӕрты,


Мӕнӕ Аароны байзӕддӕгты — сауджынты — къордтӕ. Аароны фырттӕ: Надав, Авигу, Елеазар ӕмӕ Итамар.


Уззиелы фырт — Миха, Михайы фырттӕй — Шамир.


Ӕстдӕсӕм хатт схаудта Хананийы хал, йемӕ йӕ фырттӕ ӕмӕ йе ’фсымӕртӕ — дыууадӕс лӕджы.


Ацы Шеломот ӕмӕ йе ’фсымӕртӕ сӕ цӕст дардтой, паддзах Давид, мыггӕгты хистӕртӕ, миныхицӕуттӕ, сӕдӕйыхицӕуттӕ ӕмӕ ӕфсады хицӕуттӕ кӕй рауӕлдай кодтой, уыцы ӕппӕт уаз хӕзнатӕм.


Левиттӕ ӕмӕ ӕппӕт иудейӕгтӕ, сауджын Йехода цыдӕриддӕр бафӕдзӕхста, уыдон иууылдӕр сӕххӕст кодтой. Алчидӕр дзы фӕдзырдта йӕ адӕммӕ: сабаты хъалагъур хӕссыны фӕдыл чи ӕрбацыд, стӕй, йӕ хъалагъуры рад кӕмӕн ахицӕн, уыдоны дӕр Йехода нӕ бауагъта ацӕуын.


Куыст кӕронмӕ куы ахӕццӕ, уӕд паддзах ӕмӕ Йеходамӕ бахастой, ӕхцайӕ ма цы баззади, уый. Уыцы фӕрӕзтӕй Дунедарӕджы Кувӕндонӕн арӕзт ӕрцыдысты алы дзауматӕ: мигӕнӕнтӕ уаз лӕггадӕн ӕмӕ иууылсудзинӕгтӕ хӕссынӕн, ноджы ма цолпытӕ ӕмӕ алы ӕндӕр мигӕнӕнтӕ сыгъзӕрин ӕмӕ ӕвзистӕй. Цалынмӕ Йехода ӕгас уыди, уӕдмӕ Дунедарӕджы Кувӕндоны иудадзыг иууылсудзинаг нывӕндтӕ хастой.


Сӕ мыггӕгтӕм гӕсгӕ номхыгъдтӕм хаст ӕрцыдысты сауджынтӕ, стӕй левиттӕ — сӕ къордтӕ ӕмӕ сӕ куысты хӕстӕм гӕсгӕ, ссӕдзаздзыдтӕй уӕлӕмӕ.


Иосиа сауджынтӕн сбӕлвырд кодта сӕ хӕстӕ, сразӕнгард сӕ кодта Дунедарӕджы Кувӕндоны лӕггад кӕнынмӕ.


Сауджынтӕ Кувӕндонӕй рацыдысты. Уыцы бонмӕ се ’гас дӕр, чи дзы цы къордӕй уыд ӕмӕ дзы кӕмӕ цы хӕс хауди, уыдӕттӕ нӕ хынцгӕйӕ, сӕхи ссыгъдӕг кодтой.


Йӕ фыд Давиды фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ скодта сауджынты куысты рад, стӕй левитты куысты рад, сӕ хӕстӕм гӕсгӕ, цӕмӕй стауой Дунедарӕджы, ӕххуыс кӕной сауджынтӕн, алы боны фӕткмӕ гӕсгӕ. Ноджы ма алы кулдуары раз дӕр скодта хъахъхъӕнджыты рад, йӕ фыд Давид, Хуыцауы ӕвзӕрст лӕг, куыд бафӕдзӕхста, афтӕ.


Цӕмӕй Хуыцауӕн Йерусалимы лӕггад кӕной, уый тыххӕй сауджынты, кӕмӕн цы ран ӕмбӕлы, уым ӕрлӕууын кодтой, левитты та сӕ радмӕ гӕсгӕ, Моисейы чиныджы куыд амынд ис, афтӕ.


ӕмӕ Маттаниа, Михайы фырт, Завдийы фырты фырт, Асафы фыртӕн йӕ фырты фырт, кувыны рӕстӕг сӕйраг куывдамонӕг; йӕ фӕстӕ йе ’фсымӕртӕй дыккаг зарӕггӕнӕг — Бакбукиа, стӕй Авда, Шаммуайы фырт, Галалы фырты фырты, Йедутуны фыртӕн йӕ фырты фырт.


Алелуйа! Ӕппӕлут Дунедарӕджы номӕй, ӕппӕлут дзы, Дунедарӕджы цагъартӕ,


Иудейаг паддзах Ироды заман Авийайы хӕдзарвӕндаджы уыдис иу сауджын, Захариа, зӕгъгӕ. Йӕ бинойнаг дӕр Аароны байзӕддагӕй уыди, йӕ ном — Елисаветӕ.


Иу хатт Захариа уаз куыст кодта Хуыцауы Кувӕндоны (цы сауджынты къордмӕ хауд, уыдоны рад ралӕууыд).


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ