Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




2 Азфыстытӕ 31:10 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

10 ӕмӕ йын алчер Азариа, Цадокы байзӕддаг, дзуапп радта: «Дунедарӕджы Кувӕндонмӕ хуынтӕ хӕссын куы райдыдтой, уӕдӕй нырмӕ хӕрдхъуаг никуы уыдыстӕм, стӕй дзы тынг бирӕ баззади, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг Йӕ адӕмӕн арфӕ ракодта. Уый бӕрц бӕркад нӕм уымӕн ӕрӕмбырд ис».

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




2 Азфыстытӕ 31:10
30 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Уе ’фтиаджы дӕсӕймаг хӕйттӕ иууылдӕр къӕбицтӕм ӕрбахӕссут, цӕмӕй Мӕ Хӕдзары хойраг уа, ӕмӕ Мӕ уымӕй уӕддӕр бафӕлварут, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг. — Цымӕ уын арвы дуӕрттӕ нӕ байгом кӕнин ӕмӕ Мӕ арфӕты бын нӕ фӕуаиккат?


Ахитувӕй райгуырд Цадок; Цадокӕй райгуырд Ахимаац;


Ӕз райстон, ӕмӕ мӕм ис, цас мӕ хъӕуы, уымӕй фылдӕр. Цы мын рарвыстат, уый райстон Эпафродитӕй, ӕмӕ мӕм фаг ис. Уӕ хуын у хӕрздӕф нывондау, Хуыцауӕн фӕндиаг ӕмӕ ӕхсызгон.


Се ’ппӕт дӕр бахордтой ӕмӕ бафсӕстысты. Хӕрды уӕлдӕйттӕй байдзаг ис авд чыргъӕды.


Ӕрымысут-ма ӕрӕджыйы заман — фарӕстӕм мӕйы дыууын цыппӕрӕм бонӕй абоны онг, Дунедарӕджы Кувӕндонӕн йӕ бындур ӕвӕрд куы ’рцыд, уӕдӕй нырмӕ цы рӕстӕг рацыди, уый. Ӕркӕсут лӕмбынӕг!


Ӕрмӕстдӕр Левийы хӕдзарвӕндаджы сауджынтӕ, Цадокы байзӕддӕгтӕ, сӕ уазлӕггад нӕ ныууагътой Мӕ Кувӕндоны, израилӕгтӕ Мӕ се ’ргом куы аздӕхтой, уӕд, ӕмӕ дарддӕр дӕр уыдон лӕггад кӕндзысты Мӕ разы ӕмӕ Мын фиу ӕмӕ туг нывондӕн хӕсдзысты, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау. —


Дунедарӕджы арфӕ адӕймаджы схъӕздыг кӕны, ӕмӕ йемӕ сагъӕс нӕ хӕссы.


Дӕ исбонӕй ӕмӕ дӕ алы ’фтиаджы сӕрӕй Дунедарӕгӕн кад кӕн кӕддӕриддӕр,


Йӕ фӕдыл мидӕмӕ бацыд алчер Азариа, йемӕ ма — Дунедарӕджы сауджынтӕй цыппарыссӕдз лӕджы, ӕхсарджын адӕм.


Паддзах Соломон та ӕфсады хицауӕй сӕвӕрдта Йеходайы фырт Бенайайы — Йоавы бӕсты, сауджын та скодта Цадокы — Авиафары бӕсты.


Ӕз уын ӕхсӕзӕм аз раарфӕ кӕндзынӕн, ӕмӕ уӕ зӕхх ӕртӕ азы бӕркад ратдзӕн.


Ахӕстоны хицау йӕхӕдӕг, Йосефы бӕрны цы уыди, уыдӕттӕй йӕ цӕст ницӕмӕуал дардта, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг аудыдта Йосефыл, ӕмӕ уый алы хъуыддаджы дӕр уыд ӕнтыстджын.


Исаак уыцы зӕххыл байтыдта хор, ӕмӕ уыцы аз йӕ тыллӕг тугыл аскъуыди, цы байтыдта, уымӕй райста фондзыссӕдз ахӕмы. Афтӕ йын раарфӕ кодта Дунедарӕг.


Уымӕн ӕмӕ буар фӕлварын уадиссаг пайда нӕ дӕтты, Хуыцауӕн фӕндиагӕй цӕрын та алцӕмӕй дӕр пайда у — зӕрдӕ ӕвӕры абоны цардӕй дӕр ӕмӕ фидӕны цардӕй дӕр.


Азариайӕ райгуырди Серай; Серайӕ райгуырд Иоцадак.


Арфӕгонд уыдзысты Дунедарӕгӕй уӕ хордӕтты бӕркад ӕмӕ уӕ алы къухвӕллой, арфӕгонд уыдзыстут алцӕмӕй дӕр, Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сымахӕн цы бӕстӕ дӕтты, уым.


Ахимаацӕй райгуырд Азариа; Азариайӕ райгуырд Иоханан;


Езекиа сауджынтӕ ӕмӕ левитты бафарста, утӕппӕт кӕритӕ кӕцӕй сты, зӕгъгӕ,


Уӕ фыццаг дыргъты хуыздӕртӕ ӕмӕ уӕ алы хуынтӕ, цавӕрфӕнды уой, уӕддӕр, сты сауджынты хай. Уӕ хоры сӕрты ссадӕй цы сфыцат, уый дӕр-иу раттут сауджынӕн, ӕмӕ арфӕгонд уыдзысты уӕ хӕдзӕрттӕ.


Фаг сӕм ӕрӕмбырд, цас хъуыди, уымӕй фылдӕр.


Ӕмӕ загъта Хуыцау Балаамӕн: «Ма ацу семӕ; ма фелгъит уыцы адӕмы, уымӕн ӕмӕ арфӕгонд сты».


О Дунедарӕг, нӕ Хуыцау! Дӕ уаз номӕн Дын хӕдзар саразынӕн цы бирӕ ӕрцӕттӕ кодтам, уый ӕппӕт дӕр Дӕ лӕвар у ӕмӕ ӕппӕт дӕр Дӕу у.


ӕмӕ дӕ къӕбицтӕ уӕле исгӕ, бынӕй ахадгӕ уыдзысты, ног сӕн дӕ сӕндуцӕнты сӕрты акӕлдзӕн.


Чидӕр рӕдауӕй уары, ӕмӕ йӕ исбоныл ӕфты, чидӕр та алцӕуыл ауӕрды, фӕлӕ мӕгуырӕй-мӕгуырдӕр кӕны.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ